Гергиты Валерий къухдариуæгад кæндзæн Францы оркестрæн Бастили сисыны бон

© Sputnik / Аида ГагиеваГергиты Валерий
Гергиты Валерий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ацы майрæмбоны Марсы быдырыл Парижы ацæудзæн националон францаг бæрæгбон – Бастили сисыны бон.

ЦХИНВАЛ, 11 июл — Sputnik. Мариинаг театры аивадон къухдариуæггæнæг Гергиты Валерий уыдзæн Францы националон оркестры дирижер Бастили сисыны бон. Концерт ацæудзæн ацы майрæмбоны Марсы быдыры Парижы, хъусын кæны РИА Новости.

Маэстро В.Гергиев провел акустический тест новой сцены Мариинки - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гергиты Валерий афæдзмæ бакуыста Уæрæсейы аннæ культурон архайджытæй фылдæр

Парижы мэрия куыд нысан кæны, афтæмæй концерт райдайдзæн 21:15 сахатыл бынæттон рæстæгмæ гæсгæ (22.15 мск). Бацæуæн уыдзæн æнæаргъæй. Концерты фæстæ уыдзæн традицион фейерверк.

Концерты программæйы — Мусоргский, Берлиоз, Пуччини, Римский-Корсаков, Брамс æмæ æндæр композиторты уацмыстæ.

Бастили сисыны бон Францы нысан кæнынц 14 июлы. Ацы бон, 1789 азы, Францаг революцийы райдианы штурмæй ист æрцыд гæнах-ахæстон Бастили.

Ног хабӕртты лентӕ
0