Сати Казанова йæ чындзæхсæв сарæзта Цæгат Ирыстоны

© Киевские ВедомостиСати Казанова йæ чындзæхсæв сарæзта Цæгат Ирыстоны
Сати Казанова йæ чындзæхсæв сарæзта Цæгат Ирыстоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Интернеты фæзынд видео Сати Казанова æмæ италиаг æмбæстаджы чындзæхсæвæй

ЦХИНВАЛ, 17 окт — Sputnik. Сати Казанова æмæ Стефано Тиоццо сарæзтой чындзæхсæв цæгатирыстойнаг Фиагдоны, хъусын кæны мыхуыры фæрæз Screen-ad.

Чындз æмæ сиахс æрбалæууыдысты уазджыты раз националон кæсгон дарæсы. Сати чындзæхсæвмæ скодта урс националон къаба сыгъзæрин нывæфтыдтимæ. Йæ цардæмбал та – сау цухъхъайы, традицимæ гæсгæ, чындз æмæ сиахсы сæртыл уыд бæрæгбонон сæрылдарæнтæ.

Бæрæгбонон къамтæ Сати ныммыхуыр кодта йæ аккаунты Instagram. Къамтæм фысты зарæггæнæг банысан кодта, абон алæвæрд "Пусть говорят"-ы уый бæстон кæй радзурдзæн йæ царды иууыл ахсджиагдæр цауыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0