Монголийы фæзындзæн цырт Плиты Иссӕйӕн

Рафыссын
Советон Цæдисы дыууæ хатты хъайтарæн цырт æрбайгом кæныны церемонийы хайад райсдзæн делегаци Уæрæсейæ

ЦХИНВАЛ, 31 окт— Sputnik. Советон Цæдисы дыууæ хатты хъайтарæн Монголийы цырт æрбайгом кæныны церемони уагъд æрцæудзæн æртыццæджы 15 ноябры, хъусын кæны Ossetia News.

Плиты Иссӕйӕн Монголийы сӕвӕрдзысты цырт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Плиты Иссӕйӕн Монголийы сӕвӕрдзысты цырт

Бронзæйæ скульптурæ æфсадфæтæгæн йæ бынат ссардзæн Улан-Баторы, Зайсаны хохыл. Цырты автор у цӕгатирыстойнаг скульптор Хайты Ибрагим.

Проекты инициатор у Дзанайты Азанбеджы номыл культурæйы фонды президент Дзанайты Зауыр. Уый банысан кодта, Плиты Иссæйы бæхджын-механизацигонд къорды æфсæддон хъæбатырдзинад Хинган-Мукденскаг операцийы рæстæджы 1945 азы кæй бацыдысты уæрæсейаг æмæ монголаг адæмты æхсæн æфсымæрон ахастыты историмæ зæрин сыфæй. Уыцы хъæбатырдзинæдтæ ныры онг дæр амонынц æфсæддон академиты.

Советон æфсадфæтæг Плиты Иссӕ райгуырд 1903 азы. 1936 азы къухдаириуӕг кодта Монголы республикӕйы революцион ӕфсады иумӕйаг ӕфсӕддон скъолайӕн. Советон цæдисы дыууæ уæлдæр хорзæхæй дарддæр ма у Монголийы адæмон республикæйы Хъайтар дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0