Болгарийы сæнусон кæндзысты Къостайы ном

© газета "Слово"Бюст Коста Хетагурова установят на Аллее писателей в Болгарии
Бюст Коста Хетагурова установят на Аллее писателей в Болгарии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон фыссæджы бюст цæттæ кæны Нывгæнджыты цæдисы уæнг Хайты Ибрагим

ЦХИНВАЛ 27 дек— Sputnik. Болгарийы Кады Аллейы 2018 азы марты фæзындзæн ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы бюст, хъусын кæны мыхуыры фæрæз "Слово". Ирон фыссæгимæ æмрæнхъ сæнусон кæндзысты 80 авторы нæмттæ — æндæр æмæ æндæр националон культурæты æмæ динты минæвæртты, кæцытæ фыстой кириллицæйыл.

Литературон видеоконкурс Нæхи Къоста-йы уæлахиздзаутæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Нæхи Къоста: соцхызæгтæ рабæрæг кодтой хуыздæр кæсджыты

Алы постаменты бын дæр ныккалдзысты армыдзыхъхъ сыджыт райгуырæн зæххæй. Ирон фыссæджы бюст цæттæ кæны Нывгæнджыты цæдисы уæнг Хайты Ибрагим.

Скульпторы сфæлдыстадон æрмадзмæ фæуазæг сты Цæгат Ирыстоны культурæйы министр Милдзыхты Руслан, йæ хæдивæг Дудайты Чермен. Уыдон баззадысты райгондæй Хайты Ибрагимы куыстæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0