Сфæлдыстадон лаборатори "Портал" ногæй цæуы Туркмæ

© Газета "Слово""Портал" почтил память жертв Беслана установкой арт-объекта в Турции
Портал почтил память жертв Беслана установкой арт-объекта в Турции - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Къорд фæнд кæны иу арты фарсмæ æрæмбырд кæнын Туркы ирон хъæуты цæрджыты

ЦХИНВАЛ, 25 янв — Sputnik. Цæгат Ирыстоны сфæлдыстадон лаборатори "Портал" дыккаг хатт абалц уыдзæн Туркы зæхмæ. Къорд ныр та фæнд кæны æрæмбырд кæнын сеʻмтугонты иу арты фарсмæ, хъусын кæны ЦИ-А культурæйы министрады сайт.

Коцты Ацæмæз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Коцты Ацæмæз туркаг ирæтты, Анкарайы Уастырджийы кувæндон ӕмӕ йӕ чындзӕхсӕвы тыххӕй

Фæссивæды фæнды ис хъæу Пойразлыйы саразын стыр арт æмæ йæ алыварс саразын фембæлд æцæгæлон зæххыл цæрæг ирон адæмæн.

"Амæй размæ нæ культурон экспедици Туркмæ уыд ахсджийаг къахдзæф сæнгом кæнынæн. Мах æдзух ныхас кæнæм Туркы ирон фæсивæд æмæ сæ куырыхонтимæ мах уынæм уым дыууæ хъæу, цы ран ирондзинад нæ нымæг кæны æцæгæлон бынатмæ æнæкæсгæйæ. Мах æвдисæн стæм уым ирондзинад куыд сæфы æмæ уыимæ разы не стæм. Ам уавæр фæивта сæрды сæм куы ныццыдыстæм, уæдæй фæстæ. Мах дарддæр дæр хъуамæ сæ фарсмæ лæууæм", — хъусын кæны сайт хайадисджытæй иуы ныхæстæ.

Ивгъуыд аз сфæлдыстадон лаборатори "Портал" уæнгтæ сарæзтой велозгъорд Туркмæ æмæ сæвæрдтой цырт Беслæны фыццæгæм скъолайы амæттæгтæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0