Ирон богалтæ сæ тыхтæ бавзардзысты æхсæнадæмон турниры Болгарийы

Рафыссын
Уæгъдибар хъæбысхæстæй Уæрæсейы æмбырдгонды лидертæ стох кæндзысты æхсæнадæмон турниры Болгарийы

ЦХИНВАЛ, 9 фев — Sputnik. Ирон богалтæ Цæболты Хетик, Найфонты Артур, Уалыты Владислав æмæ Байцайты Владислав бацыдысты Уæрæсейы æмбырдгонды скондмæ æхсæнадæмон турнир "Дан Колов и Никола Петров"-ы турниры хайад расынæн.

Бикойты Вадим - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бикойты Вадимы ног старт: ирон богал стох кæндзæн Уæрæсейы фыццагады

"Тренерон совет ауагъта æмбырд, кæцыйы фæстиуджытæм гæсгæ райст æрцыд уынаффæ ацы турнирмæ арвитын "Иван Ярыгин-2018"-ы Гран-прийы уæлахиздзауты иууылдæр", — хъусын кæны спортивон хъæбысхæсты федераци.

Уæрæсейы æмбырдгонды æввахсдæр нывæзтты ис 9-12 марты республикæ Бурятийы сæргълæууæджы призтыл турниры хайад райсын, цы ран Уæрæсейы æмбырдгонд стох кæндзæн дыууæ скондæй. Ацы турнирты фæстиуджытæм гæсгæ, тренерон сконд сбæлвырд кæндзæн æмбырдгонд командæты Дунейы кубокы (7-8 апрель, Айова, АИШ) æмæ Европæйы чемпионаты (30 апрель — 5 май, Каспийск, Уæрæсе) хайадистæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0