Путин фехъусын кодта Кемеровойы зынгсирвæзты аххосæгтæ

© Sputnik / Алексей Дружинин /  Ахизын медиабанкмæПутин фехъусын кодта Кемеровойы зынгсирвæзты аххосæгтæ
Путин фехъусын кодта Кемеровойы зынгсирвæзты аххосæгтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Федерацийы президент Кемеровойы зынгсирвæзты аххосæгтæ схуыдта куыстмæ æбæрнон æмæ æдзæсгом ахаст

ЦХИНВАЛ, 27 мар — Sputnik. Уæрæсейы сæргълæууæг Владимир Путин фехъусын кодта Кемеровойы базарадон центр "Зимняя вишня"-йы зынгсирвæзты аххосаг, хъусын кæны РИА Новости. Трагеди ахаста иууыл къаддæрæй 64 адæймаджы цард.

"Цытæ нæм цæуы, уыдон æфсæддон архæйдтытæ не сты, метаны æнæнхъæлæджы срæмыгъд нæ уыд шахтæйы. Ардæм æрбацыдысты сæхи ирхæфсынмæ сывæллæттæ. Мах дзурæм демографийыл æмæ сафæм уыййас адæм. Цæй тыххæй?! Куыстмæ æдзæсгом æмæ æбæрнон ахасты тыххæй", — загъта Путин рабадты рæстæджы Кемеровойы.

Уæрæсейаг лидер бахæс кодта слестгæнæн органтæн раттын барадон аргълæвæрд ацы трагеди чи æруагъта, уыцы бæрнон адæймæгтæн.

Базарадон центр Зимняя вишня-йы æрцæугæ трагеди - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий: Кемеровойы трагедийыл хъынцъым кæнынц Хуссар Ирыстоны

Зынгсирвæзты равзæрсты рæстæджы слестгæнджытæ байстой тынг бирæ документтæ, кæцыты ныртæккæ ахуыр кæнынц.

Президент ратæфæрфæс кодта трагедийы бабынуæвджыты бинонтæ æмæ хиуæттæн, рабадт иу уысм æдзæмæй алæууынæй райдайгæйæ.

Дыццæджы райсомæй Путин æртахт Кемеровомæ æмæ æвæстиатæй бацыд сыгъд базарадон центрмæ, цы ран сæвæрдта дидинтæ бæстыхайы цур хæдарæзт мемориалмæ.

Кемеровойы цыппаруæладзыгон базарадон центры зынгсирвæзт æрцыд хуыцаубоны. Рынчындæтты нырма ис 13 адæймаджы, сæ фылдæр фесты сыгъхъæстæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0