Амард режиссер Станислав Говорухин

© Sputnik / Alexei DruzhininСтанислав Говорухин
Станислав Говорухин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Амӕйразмӕ къорд ДИФ апарахат кодта информаци режиссеры мӕлӕты тыххӕй, фӕлӕ Говорухины пресс-секретарь нӕ бафидар кодта ацы информаци

ЦХИНВАЛ, 14 июн — Sputnik. Амардис зындгонд уӕрӕсейаг режиссер Станислав Говорухин, хъусын кӕны РИА Новости Паддзахадон думӕйы спикер Вячеслав Володины ныхӕстӕ.

"Санатори "Барвиха"-йы 10:37 сахатыл уӕззау ӕмӕ дӕргъвӕтин рынчны фӕстӕ йӕ цардӕй ахицӕн нӕ коллегӕ Станислав Сергейы фырт Говорухин. Уый кӕронмӕ тох кодта низимӕ, фӕлӕ йыл уый уӕддӕр фӕуӕлахиз", — загъта Вячеслав Володин пленарон рабадты.

Амӕйразмӕ Говорухины пресс-секретарь не сразы ис раттын комментарийтӕ режиссеры ӕнӕниздзинады тыххӕй.

Станислав Говорухин у Уӕрӕсейы Федерацийы адӕмон артист, сценарист, кинонывтӕ "Вертикаль", "Место встречи изменить нельзя", "Пираты XX века", "В поисках капитана Гранта", "Десять негритят", "Ворошиловский стрелок", "Благословите женщину" ӕмӕ ӕндӕрты режиссер. Активон хайад иста политикон царды, уыд парти "Единая Россия"-йы уӕнг. 2000 азы уыд президенттӕм кандидат.

Ног хабӕртты лентӕ
0