Симд акафыдысты Ватиканы фӕзуатыл

© InstagramСимд в Ватикане
Симд в Ватикане - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Кафджыты ансамбль "Горец" акафыд традицион ирон кафт Сыгъдӕг Петры аргъуаны раз

ЦХИНВАЛ, 3 авг — Sputnik. Адӕмон кафты сгуыхт ансамбль "Горец" сӕххӕст кодта симд Ватиканы Сыгъдӕг Петры фӕзуатыл. Ирон кафты видео нымыхуыр кодтой социалон хызӕг Instagram-ы къорды официалон фарсыл.

"Мах аразӕм цы уарзӕм, уый. Бузныг немӕ чи ис, уыдонӕн алкӕмӕндӕр", — ныффыстой видеойы бын.

Кафты видео уайтагъд апарахат ис интернеты, тынг бирӕ адӕм йӕм бакастысты ӕмӕ фӕфыстой зӕрдиаг комментарийтӕ.

Ансамбль "Горец" сарӕзтӕуыд 1961 азы, йӕ сконды сты Паддзахадон хӕххон аграрон университеты студенттӕ. Къорды аивадон разамонӕг у Цӕгат Ирыстоны адӕмон артист Ӕлборты Юрий.

Ног хабӕртты лентӕ
0