Амард Иосиф Кобзон

© Sputnik / Илья Питалев /  Ахизын медиабанкмæИосиф Кобзон
Иосиф Кобзон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зындгонд советон ӕмӕ уӕрӕсейаг зарӕггӕнӕг ахицӕн йӕ цардӕй 80-аздзыдӕй

ЦХИНВАЛ, 30 авг — Sputnik. Популярон уӕрӕсейаг зарӕггӕнӕг, Паддзахадон думӕйы депутат Иосиф Кобзон амард Мӕскуыйы 80-аздзыдӕй, хъусын кӕны РИА Новости.

УФ Фӕллойы Хъайтар ӕмӕ ССРЦ Адӕмон артисты нӕмтты хицау, Кобзон дыууӕ хатты ӕрцыд Хуссар Ирыстонмӕ концерттимӕ — 2008 азы хӕсты фӕстӕ ӕмӕ 2014 азы. Йӕ фӕстаг балцы рӕстӕджы йын радтой республикӕйы уӕлдӕр паддзахадон хорзӕх — Кады Орден.

Артистӕн фӕстаг хӕрзбон зӕгъӕны бынат ӕмӕ рӕстӕг нырма бӕрӕг не сты.

Ног хабӕртты лентӕ
0