Фадзайты Арсен загъта йӕ хъуыды Мӕскуыйы Ирыстонӕй рацӕугӕйы ӕрцахсыны тыххӕй

© instagram/chp_vladikavkazВидео, кӕм полицийы кусджытӕ спайда кодтой тыхӕй ӕмӕ ӕрцахстой Цӕгат Ирыстонӕй рацӕугӕты, бахаудта хызӕгмӕ ӕмӕ расидт хъаугъатӕ социалон хызӕгты
Видео, кӕм полицийы кусджытӕ спайда кодтой тыхӕй ӕмӕ ӕрцахстой Цӕгат Ирыстонӕй рацӕугӕты, бахаудта хызӕгмӕ ӕмӕ расидт хъаугъатӕ социалон хызӕгты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тӕрхондоны рабадт, кӕцыйы хайад истой нӕлгоймӕгты адвокаттӕ, хиуӕттӕ ӕмӕ ӕмбӕлттӕ, цыд фондз сахат

ЦХИНВАЛ, 7 ноя — Sputnik. Цӕгат Ирыстонӕй сенатор Фадзайты Арсен, кӕцы йӕ цӕст дары цӕгатирыстойнаг ӕвзонг лӕппуты уавӕрмӕ, кӕцыты ӕрцахстой мӕскуыйаг метройы, бахатыд йӕ рафыссджытӕм Instagram-ы, цӕмӕй ма фыссой цӕхгӕр комментаритӕ, цалынмӕ цауы ӕууӕлтӕ иууылдӕр рабӕрӕг уой.

Фадзайты Арсен банысан кодта, зӕгъгӕ, ӕвзонг лӕппуты хъуыддаджы фӕдыл рабадт ацыд дыццӕджы Мӕскуыйы Преснены районон тӕрхондоны. Равзӕрстытӕ, кӕцыты хайад истой лӕппуты адвокаттӕ, хиуӕттӕ ӕмӕ ӕмбӕлттӕ, цыд фондз сахат. Тӕрхондон рахаста уынаффӕ, цӕмӕй цауы цыппар хайадисӕджы ӕрцахсой дыууӕ мӕймӕ, фӕндзӕмы хъуыддагмӕ ӕркӕсдзысты хицӕнӕй.

Видео, кӕм полицийы кусджытӕ спайда кодтой тыхӕй ӕмӕ ӕрцахстой Цӕгат Ирыстонӕй рацӕугӕты, бахаудта хызӕгмӕ ӕмӕ расидт хъаугъатӕ социалон хызӕгты: хъусын кодтой, ӕвзонг лӕппутӕ сабыр кӕй бадтысты ӕмӕ ныхӕстӕ кодтой, куы сӕм бацыдысты полицийы кусджытӕ.

Фӕстӕдӕр ДИФ ныффыстой, лӕппутӕм зӕрдӕ кӕй ӕхсайдта спортивон дукани адавынмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0