Цыбырты Шотайы дебют ацыд мӕскуыйаг театр "Геликон-опера"-йы

© Фото из личного архива автораЦыбырты Шота
Цыбырты Шота - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зарӕггӕнӕг сӕххӕст кодта Джузеппе Вердийы иуномон оперӕйы трубадуры парти

ЦХИНВАЛ, 22 янв — Sputnik. Ирыстойнаг тенор, Мариинаг театры ӕвзонг оперон зарӕггӕнджыты академийы солист Цыбырты Шотайы дебют ацыд мӕскуыйаг театр "Геликон-опера"-йы сценӕйыл, фыссы 15-ӕм регион. Зарӕггӕнӕг сӕххӕст кодта Джузеппе Вердийы иуномон оперӕйы трубадуры парти.

Ахӕм фадат ирон вокалистмӕ ӕрхауд тенорты ӕхсӕнадӕмон конкурс "Хосе Каррерас Гран-при"-йы йӕ уӕлахизы фӕрцы.

"Каррерасы уынаффӕмӕ гӕсгӕ мӕнӕн банхъардтой трубадуры парти - Манрикойы. Уый у ме стырдӕр куыст мӕскуыйаг театры италиаг ӕвзагыл", - хъусын кӕны Цыбырты Шотайы ныхӕстӕ агентад.

Тенор ма бафтыдта, "Трубадур" кӕй у вазыгджын оперӕ тыхджын оркестримӕ.

Курдиатджын ирон вокалист Цыбырты Шота каст фӕцис Гергиты Валерийы номыл Дзӕуджыхъӕуы аивӕдты колледж, уый фӕстӕ та Санкт-Петербурджы консерватори. 2015 азы ист ӕрцыд Мариинаг театры ӕвзонг оперон зарӕггӕнджыты академимӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0