Пятигорскы сæвæрдзысты цырт Беслæны теракты амæттæгтæн

© Sputnik / Анна КабисоваБеслæн
Беслæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæрæсейаг фæсивæды цæдисы инициативæйы фарс балæууыд УФ президенты æххæстбарджын минæвар ЦКФЗ-йы Александр Матовников æмæ ныфс бавæрдта, хъуыддаг кæй райсдзæн йæ хъусдардмæ

ЦХИНВАЛ, 5 июл — Sputnik. Ӕппæтуæрæсейаг æхсæнадон организаци "Уæрæсейаг фæсивæды цæдис" рахаста инициативæ Беслæны трагедийы амæттæгтæн Пятигорскы цырт сæвæрыны тыххæй, хъусын кæны газет "Слово".

Президент сæвæрдта дидинтæ Беслæны амæттæгты Монументмæ Петербурджы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент сæвæрдта дидинтæ Беслæны амæттæгты Монументмæ Петербурджы

Организацийы минæвар Марина Васильева Цæгат Кавказы фæсивæдимæ фембæлды рæстæджы куыд банысан кодта, афтæмæй инициативæйы фарс балæууыд бынæттон хицауад.

"Цырт уыдзæн партæйы хуызы, йæ уæлæ уыдзæн нæмыгæй хуынкъ тетрадь, "Альфа"-йы хæстоны каскæ, доны авг, хъазæн. Фæстейæ æртæ æфсæн æндахыл уыдзысты тымбылæгтæ-плафонтæ, кæцытæ æхсæвыгон судздзысты", - банысан кодта Васильева.

Уæрæсейаг фæсивæды цæдисы инициативæйы фарс балæууыд УФ президенты æххæстбарджын минæвар ЦКФЗ-йы Александр Матовников æмæ ныфс бавæрдта, хъуыддаг кæй райсдзæн йæ хъусдардмæ.

2004 азы 1 сентябры террористтӕ систой амынӕты 1128 адӕймаджы ӕмӕ сӕ дардтой скъолайы спортивон залы ӕртӕ боны. Трагедийы фӕстиуӕгӕн фӕмард 334 адӕймаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0