Скифты бындур: Тувайы уагъд цӕуынц рагон зӕппадзты къӕхтытӕ

© youtube/Новости на Первом КаналеСкифты бындур: Тувайы уагъд цӕуынц рагон зӕппадзты къӕхтытӕ
Скифты бындур: Тувайы уагъд цӕуынц рагон зӕппадзты къӕхтытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Археологон къӕхтыты фӕзуат у 18 мин квадратон метр

ЦХИНВАЛ, 23 июл — Sputnik. Тувайы дарддӕр уагъд цӕуынц обауты комплекс Туннугы археологон къӕхтытӕ, кӕцы ис "Паддзахты дӕлвӕзы", хъусын кӕны Фыццаг канал.

Астраханы цур ссардтой Сӕрмӕтты паддзахы сыгъзӕрин ӕвӕрӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Астраханы цур ссардтой Сӕрмӕтты паддзахы сыгъзӕрин ӕвӕрӕн

Специалистты хъуыдымӕ гӕсгӕ, ацы обау у иууыл рагондӕр ӕмӕ баззадис хорз уавӕры.

Скифты цӕрӕн бынӕтты ссардтой зынаргъ артефакттӕ, фӕлӕ куыстытӕ адарддӕр кӕндзысты.

Экспонаттӕ иууылдӕр баххӕст кӕндзысты Тувайы Националон музейы коллекци. Уым ныридӕгӕн ис Скифты зыгъзӕрины коллекци, кӕцы ссардтой "Паддзахты дӕлвӕзы" 2001 азы.

Археологон къӕхтыты хайад исынц специалисттӕ ӕмӕ бархионтӕ ӕппӕт дунейӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0