Амард уӕрӕсейаг инӕлар, кӕцыйы схорзӕхджын кодтой Хуссар Иры Кады Орденӕй

© Sputnik / Алексей Куденко /  Ахизын медиабанкмæИнӕлар-булкъон Анатолий Ноговицын
Инӕлар-булкъон Анатолий Ноговицын - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гуырдзыстон ӕмӕ Хуссар Ирыстоны хсӕн хӕсты рӕстӕджы Анатолий Ноговицын ӕрвылбон Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады номӕй хъусын кодта ӕхсӕнадӕн хӕстон цауты тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 5 ноя - Sputnik. Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады сӕйраг спикер 2008 азы хӕсты рӕстӕджы Хуссар Ирыстоны, инӕлар-булкъон Анатолий Ноговицын амард Мӕскуыйы дыццӕджы, 5 ноябры, фехъусын кодта РИА Новости Уӕрӕсейы ӕфсӕддон хистӕрты клубы аппараты разамонӕг Николай Дерябин.

"Хъыгагӕн, Анатолий Ноговицын амард абон Мӕскуыйы", - фехъусын кодта уый.

Инӕларыл цыд 67 азы, йӕ амӕлӕты аххосаг бӕрӕг нӕу.

2008 азы июлы Ноговицыны снысан кодтой Уӕрӕсейы Гарзджын тыхты генералон штабы хистӕры хӕдивӕгӕй. 2008 азы августы хӕсты рӕстӕджы, Ноговицын ӕрвылбон хъусын кодта ӕхсӕнадӕн хӕстон цауты тыххӕй.

Цхинвайлаг скъоладзау радзурдзӕн Артек-ы Гергиты Валерийы концерт-реквиемы тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлаг скъоладзау радзурдзӕн "Артек"-ы Гергиты Валерийы концерт-реквиемы тыххӕй

Фӕстӕдӕр, 2010 азы сӕрды, Ноговицыны схорзӕхджын кодтой Хуссар Ирыстоны Кады Орденӕй активон хайадисты тыххӕй Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад бахъахъхъхъӕныны ӕмӕ сгуытхдзинӕдты тыххӕй Кавказы сабырад ӕххӕст кӕныны хъуыддаджы.

Гуырдзыстон 2008 азы 8 августы ӕхста Хуссар Ирыстон "Град"-ӕй, Гуырдзыйы ӕфсӕдтӕ ӕрбабырстой республикӕмӕ. Уӕрӕсе, Хуссар Ирыстоны цӕрджыты хъахъхъӕнгӕйӕ, кӕцыты стыр хай райста УФ ӕмбӕстӕггад, бакодта йе 'фсӕдты республикӕмӕ ӕмӕ фондзбонон хӕсты фӕстӕ фӕтардта Гуырдзыстоны ӕфсӕдты. Мӕскуы 2008 азы 26 августы банымадта Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы хӕдбардзинад.

Ног хабӕртты лентӕ
0