ЕЦ егъау бæстæты цæрджыты фылдæры фæнды Уæрæсеимæ ахастытæ фæхуыздæр кæнын

© Sputnik / Владимир Сергеев /  Ахизын медиабанкмæУæрæсе æмæ Евроцæдисы тырысатæ
Уæрæсе æмæ Евроцæдисы тырысатæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕрфарст ауагъта Sputnik-æн компани IFop. Хайад дзы райстой 4012 респонденты, сæ кар - 18 азæй уæлæмæ

ЦХИНВАЛ, 25 дек - Sputnik. Ныгуылæн Европæйы раззæгондæр бæстæты цæрджыты фылдæры фæнды, цæмæ ЕЦ æмæ Уæрæсейы хсæн ахастытæ фæхуыздæр уой, æвдисынц Sputnik.Мнения-йы æрфарсты бæрæггæнæнтæ.

Иртæстытæ цыдысты 2-15 октябры æмæ куыд рабæрæг кодтой, афтæмæй немыцæгты 84%, италиæгты 78%, францæгты 68% æмæ бритайнæгты 68% разыйы дзуапп радтой ахæм фарстæн: "Фæндит уæ, цæмæй æввахс рæстæджы Фæхуыздæр уой Евроцæдис æмæ Уæрæсейы хсæн ахастытæ?". Фарстæн разыйы дзуаппытæ нæ радтой респондентты 10% Германийы, Итали æмæ Францийы фæйнæ 13%, æмæ 16% та Великобританийы.

© SputnikФæндит уæ, цæмæй æввахс рæстæджы Фæхуыздæр уой Евроцæдис æмæ Уæрæсейы хсæн ахастытæ?
ЕЦ егъау бæстæты цæрджыты фылдæры фæнды Уæрæсеимæ ахастытæ фæхуыздæр кæнын - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фæндит уæ, цæмæй æввахс рæстæджы Фæхуыздæр уой Евроцæдис æмæ Уæрæсейы хсæн ахастытæ?

Уæлдæр ахуырады дипломты хицæуттæ фылдæр уыдысты ЕЦ æмæ УФ ахастытæ фæхуыздæр кæныны фарс. Уыимæ ма цыппар бæстæйы дæр нæлгоймæгтæ активонæйдæр дзурынц ахастыты фæхуыздæрыл сылгоймæгтæм абаргæйæ.

Ӕрфарст ауагъта Sputnik-æн компани IFop. Хайад дзы райстой 4012 респонденты, сæ кар - 18 азæй уæлæмæ.

Ӕхсӕнадӕмон информацион агентад Sputnik у дунейы иууыл стырдӕр ДИФ-тӕй сӕ иу. Агентад кусы 32 ӕвзагыл. Ӕртӕ азмӕ фӕссоветон тыгъдады бӕстӕты Sputnik сайттӕ бацахстой раззагон бынӕттӕ бынӕттон ДИФ-ты хсӕн.

Sputnik Хуссар Ирыстон йæ куыст райдыта 2015 азы. Йе сконды ис информацион портал ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл, радиоресурс æмæ мультимедион пресс-центр.

Ног хабæртты портал Sputnik Хуссар Ирыстон ис фыццаг бынатыл бæстæйы интернет ресурсты хсæн. Sputnik (sputniknews.com) — ног хабӕртты агентад ӕмӕ радио мультимедион информацион хабтимӕ дӕсгай бӕстӕты. Sputnik-ы сконды сты 30 сайттӕй фылдӕр, аналогон ӕмӕ цифрон радиофидиуӕн, мобилон ӕмхасӕнтимӕ ӕмӕ социалон хызӕгты фӕрстимӕ. Рафысджытӕн ног хабӕртты лентӕтӕ ӕнӕхъӕн суткӕйы дӕргъы цӕуынц англисаг, арабаг, испайнаг ӕмӕ китайаг ӕвзӕгтыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0