Уӕлахизы Парад Мӕскуыйы Сырх фӕзуатыл 1945 азы 24 июны

© Sputnik / Mikhail Ozerskiy /  Ахизын медиабанкмæУӕлахизы Парад Мӕскуыйы Сырх фӕзуатыл 1945 азы 24 июны
Уӕлахизы Парад Мӕскуыйы Сырх фӕзуатыл 1945 азы 24 июны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕлахизы Парад Мӕскуыйы Сырх фӕзуатыл 1945 азы 24 июны – историон парад Стыр Фыдыбӕстон хӕсты Уӕлахизы цытӕн

Парад райста Уӕлдӕр командӕгӕнӕджы хӕдивӕг, фыццаг Белорусаг фронты командӕгӕнӕг, Советон Цӕдисы маршал Георгий Жуков. Парадӕн командӕ дӕтта дыккаг Белорусаг фронты командӕгӕнӕг, Советон Цӕдисы маршал Константин Рокоссовский.

Уӕлахиздзауты парад ауадзыны фӕдыл скъуыддзаг рахаста ССРЦ Гарзджын тыхты Уӕлдӕр командӕгӕнӕг Иосиф Сталин Уӕлахизы боны фӕстӕ. 1945 азы 24 майы уымӕ бадӕттӕй Генералон штабы ӕнхъарӕнтӕ Уӕлахизы Парад ауадзыны фӕдыл. Уый сӕ райста, фӕлӕ не сразы ис парад ауадзыны ӕмгъуыдимӕ. Генштаб рахицӕн кодта парадмӕ цӕтткӕнынадӕн дыууӕ мӕйы, Сталин радта хӕслӕвӕрд ауадзын парад иу мӕйы фӕстӕ.

Уӕрӕсейы президент Владимир Путин. Архивон къам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Стыр Уӕлахизы 75 азы: иумӕйаг бӕрн истори ӕмӕ фидӕны раз – Путины уац

Парад хъуамӕ райстаккой бӕхыл бадгӕйӕ ӕмӕ уый фӕдыл Сталин не сразы ууыл. Уый уӕд ӕвзонг нал уыд ӕмӕ йын бӕхыл бадын зын уыд, уый фӕдыл фӕхуыдта Жуковы ӕмӕ йын загъта: "Ды ӕвзонгдӕр дӕ, ды кавалерист дӕ, ӕмӕ уый тыххӕй парад райсдзӕ ды". Сырх Ӕфсады Генералон штабы хистӕры директивӕмӕ гӕсгӕ 1945 азы 24 июнӕй, Уӕлахизы Парады хайадистӕн бацӕттӕ кодто 10 полчы – фӕйнӕ иу полк хӕсты кӕрон архайгӕ фронттӕй, афтӕ ма ССРЦ Ӕфсӕддон-денджызон флот ӕмӕ Хъахъхъӕнынады наркоматы полктӕ. Афтӕ ма парады хайад истой ӕфсӕддон академитӕ ӕмӕ ахуыргӕнӕндӕттӕ, кӕцытӕ уыдысты дислокацигонд Мӕскуы ӕмӕ Мӕскуыйы областы.

Фронтты полкты сконды уыдысты рӕнхъонтӕ, сержанттӕ ӕмӕ офицертӕ, кӕцытӕ расгуыхтысты тохты ӕмӕ сын ис хӕстон хорзӕхтӕ. Полкты уыдысты тырыса хӕсджытӕ ӕмӕ сӕ ассистенттӕ, кӕцытӕ хъуамӕ рахастаиккой иууыл ӕнтыстджындӕр дӕлхайӕдты 36 тырысайы.

Парады алкӕцы хайадисӕгӕн дӕр бахуыдтой парадон дарӕс. Стыр театры аивадон-рауагъдон ӕрмадзты бацӕттӕ кодтой дӕс штандарты, кӕцыты бын хъуамӕ рахыстаиккой парадмӕ фронтты полктӕ. Уым ма бацӕттӕ кодтой сӕдӕгай орденон лентӕтӕ. Алкӕцы лентӕтӕ дӕр нысан кодта коллективон сгуыхтдзинад, кӕцы схорзӕхджын кодтой хӕстон орденӕй. Тырысаты фылдӕр хай уыдысты гвардейонтӕ.

Хуссар Иры хъӕуы цӕрӕг: - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры хъӕуы цӕрӕг: хӕст мӕ ӕрӕййӕфта быдыры

Организаторты хъуыдымӕ гӕсгӕ, ӕфсады цыд хъуамӕ райдыдтаид Уӕлахизы Тырыса рахӕссынӕй, кӕцы ӕрхастой Мӕскуымӕ 20 июны Берлинӕй. Уый хъуамӕ хастаиккой Михаил Егоров ӕмӕ Мелитон Кантария, кӕцытӕ ӕрсагътой тырыса рехстагыл, афтӕ ма Степан Неустроев, кӕцыйы батальон хайад иста тырысатӕ ӕрсадзыны, фӕлӕ уыдонӕн нӕ уыд фаг рӕнхъон цӕттӕкӕнынад. Афтӕ ма Неустроев уыд цалдӕр ран цӕф, уый фӕдыл аскъуыддзаг кодтой, Уӕлахизы Тырыса кӕй нӕ рахӕсдзысты.

1945 азы 22 июны централон советон газетты ныммыхуыр кодтой Уӕлдӕр командӕгӕнӕг Сталины барамынд № 370: "Стыр Фыдыбӕстон хӕсты Уӕлахизы цытӕн 1945 азы 24 июны Мӕскуыйы Сырх Фӕзуатыл ауадзын Уӕлахизы Парад ӕфсад, Ӕфсӕддон-Денджызон Флот ӕмӕ Мӕскуыйы гарнизоны тыхтӕй".

1945 азы 24 июны райсом уыд ӕвзӕр боныгъӕд ӕмӕ уарыд къӕвда. Аст сахатмӕ ӕрӕмбырд кодтой парады хайадисджыты. Фараст сахатмӕ Кремлы къулты раз гранитон трибунӕтӕ байдзаг сты ССРЦ Уӕлдӕр Советы депутаттӕй, наркоматты кусджытӕй, культурӕйы архайджытӕй, ССРЦ Зонады академийы юбилейон сессийы хайадисджытӕй, мӕскуыйаг заводтӕ ӕмӕ фабрикӕты кусджытӕй, Уырыссаг рӕстдинон аргъуаны минӕвӕрттӕй, фӕсарӕйнаг дипломаттӕй ӕмӕ ӕндӕр фӕсарӕйнаг уазджытӕй. 9.45 сахатыл Ленины мавзолейы трибунӕмӕ схызтысты Советон хицауады къухдариуӕггӕнджытӕ Иосиф Сталины сӕргълӕудӕй.

Цхинвалы ссыгътой цырӕгътӕ Стыр Фыдыбӕстон хӕсты амӕттагты номарынӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы ссыгътой цырӕгътӕ Стыр Фыдыбӕстон хӕсты амӕттӕгты номарынӕн

Парады командӕгӕнӕг Константин Рокоссовский йӕ бӕхыл слӕууыд парад исӕг Георгий Жуковы рдӕм. Дӕс сахатыл Георгий Жуков йӕ урс бӕхыл раскъӕрдта Сырх фӕзуатмӕ. Командӕгӕнӕджы рапорты фӕстӕ райхъуыст сиганл "Хъусут иууылдӕр!", ӕмӕ ӕфсӕддон оркестр 1,4 мин адӕймаджы скондӕй инӕлар-майор Сергей Чернецкийы сӕргълӕудӕй сӕххӕст кодта гимн. Уый фӕстӕ Жуков раныхас кодта трибунӕйӕ. Уый фӕстӕ сӕххӕст кодта ССРЦ паддзахадон гимн ӕмӕ ӕмрӕстӕджы айхъуыст артиллерион салюты 50 срӕмыгъды. Уый фӕстӕ райдыдта ӕфсӕдты бӕрӕгбонон марш.

Полкты фыццаг рӕнхъыты цыдысты ӕфсӕдты командӕгӕнджытӕ, дӕлхайӕдты сӕргъ та лӕууыдысты корпустӕ, ливизитӕ ӕмӕ бригадӕты командӕгӕнджытӕ. Фыццаг Белорусаг фронты полкы сконды хицӕн колоннӕйӕ рацыдысты Польшайы Ӕфсады минӕвӕрттӕ инӕлар Владислав Корчицайы сӕргълӕудӕй, цыппӕрӕм Украинаг фронты сконды та – фыццаг Чехословакаг ӕфсӕддон корпусы хӕстонтӕ инӕлар Людвиг Свободайы къухдариуӕгады бын.

Алкӕцы полк дӕр рацыд йӕхи хӕстон маршӕй ӕнӕ фӕурӕдтӕй. Уый фӕстӕ Сырх Фӕзуатмӕ бахызт Дзержинскийы номыл Мидхъуыддӕгты Адӕмон комиссариаты фыццаг мотоӕхсӕн дивизи, кӕцытӕ хастой зӕххмӕ ӕруадзгӕйӕ гермайнаг ӕфсӕдты 200 тырысайы. Мавзолейы бынмӕ схизгӕйӕ, ӕфсӕддонтӕ зылдысты рахизырдӕм ӕмӕ ӕппӕрстой знаджы тырысатӕ.

Парад цыд дыууӕ сахаты (122 минуты) тӕркъӕвдайы бын. Парады хайад райстой 24 маршалы, 249 инӕлары, 2536 офицеры, 31 116 срежанты ӕмӕ солдаты.

Уыцы бонмӕ изӕры 11 сахатыл залптӕй рауагътой 20 мин ракетӕйы. Бӕрӕгбоны кульминаци уыд уӕлцъар "Уӕлахизы" ордены хуызистимӕ, кӕцы фӕзынд уӕларвы прожекторты тынты.

Мӕскуыйы бӕрӕгбоны фӕстӕ советон хицауад ӕмӕ Уӕлдӕр командӕгӕнӕджы хъӕппӕрисӕй 1945 азы сентбяры ацыд цӕдисон ӕфсӕдты парад Берлины, цы ран хайад райстой советон, америкӕйаг, англисаг ӕмӕ французаг ӕфсӕдтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0