Башар Асады ногӕй равзӕрстой Сирийы президентӕй

© Sputnik / Михаил Воскресенский /  Ахизын медиабанкмæБашар Асады ногӕй равзӕрстой Сирийы президентӕй
Башар Асады ногӕй равзӕрстой Сирийы президентӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.05.2021
Рафыссын
Ныры президентӕн схъӕлӕс кодтой ӕвзарджыты 95,1 проценты

ЦХИНВАЛ, 28 май - Sputnik. Башар Асад рамбылдта Сирийы президентон ӕвзӕрстыты. Уый тыххӕй фехъусын кодта сириаг парламенты спикер Хаммуд Саббаг.

Бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Асадыл схъӕлӕс кодтой 13 милуан 540 мин 860 адӕймаджы (хъӕлӕс кӕныны бар ӕдӕппӕт уыд 18 милуанӕй фылдӕр сириагӕн).

"Башар Асад райста хъӕлӕсты 95,1 проценты", - загъта Хаммуд Саббаг.

Башар Асады, кӕцы у Сирийы президент 2000 азӕй фӕстӕмӕ, равзӕрстой ноджы иу авдазон ӕмгъуыдмӕ. Ивгъуыд ӕвзӕрстыты 2014 азы уый райста хъӕлӕсты 88 проценты.

Дамаскы ацыд Хуссар Ир ӕмӕ Сирийы закорганты сӕргълӕуджыты фембӕлд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.05.2021
Дамаскы ацыд Хуссар Ир ӕмӕ Сирийы закорганты сӕргълӕуджыты фембӕлд

Хуссар Ирыстоны парламенты спикер Тадтаты Алан, кӕцы ис Дамаскы ӕхсӕнадӕмон цӕстдарӕджы хуызы, фехъусын кодта, Ныгуылӕны бӕстӕты ӕндавдадмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ сириаг адӕм загътой сӕ хъуыды ӕвзӕрстыты.

"Мах ныр уынӕм, адӕм кӕй цин кӕнынц – Дамаскы, афтӕ ма Сирийы ӕндӕр горӕтты. Сирийӕн ис ирд фидӕн ныры къухдариуӕгадимӕ", - загъта Тадтаты Алан.

Президентон ӕвзӕрстытӕ Сирийы ацыдысты 26 майы. 12 мин ӕвзарӕн фадыджы куыстой 7.00 сахатӕй ӕмбисӕхсӕвмӕ. Официалон бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, хъӕлӕсдӕттын алы провинцийы дӕр ацыд ӕнӕ фехӕлдтӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0