Цӕгат Ирыстоны мысдзысты Беслӕны трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ

© Sputnik / Казбек Кугаев /  Ахизын медиабанкмæЦӕгат Ирыстоны мысдзысты Беслӕны трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ
Цӕгат Ирыстоны мысдзысты Беслӕны трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фыдохы мадзӕлттӕ райдайдзысты 2-ӕм сентябры Беслæны скъолайы кæрты. Хайад сӕ райсдзысты Волгограды сывæллæтты симфонион оркестры музыканттæ.

ЦХИНВАЛ, 18 авг — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны 11-ӕм хатт ӕрымысдзысты дунейы ӕвирхъаудӕр трагедийы — Бесланы терракты амӕттӕгты. Фыдохы мадзӕлттӕ райдайдзысты 2-ӕм сентябры Беслæны скъолайы кæрты, хъусын кӕны ПТРК "Алания".

Ирыстоны Цӕгат ӕмӕ Хуссар хайы ӕрвылаз дӕр уагъд ӕрцӕуынц Беслӕны терракты амӕттӕгты мысӕн мадзӕлттӕ. Сӕйраг траурон мадзӕлттӕ уагъд ӕрцӕуынц Беслӕны 1-ӕм скъолайы кӕрты. Адӕм ссудзынц цырӕгътӕ, ӕрбахӕссынц алыгъуызон хъазӕнтӕ ӕмӕ дон — фыдгӕнджытӕ сабитӕн ӕртӕ боны дӕргъы нуазыны дон дӕр нӕ радтой.

"Мадзӕлтты хайад райсдзысты Волгограды сывæллæтты симфонион оркестры музыканттæ. Цæгат Ирыстоны æппæт ахуыргæнæндæтты уагъд ӕрцӕудзысты терроризмы ныхмæ уроктæ", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Афтӕ ма 3-æм сентябры Беслæны динамонджыты разамындӕй уагъд ӕрцӕудзӕн Дзуæрттимæ цыд. Йæ архайджытæ сæ къухты хæсдзысты теракты фæмардуӕвджыты хуызистытæ. Акци райдайдзæн 1-æм скъолайы æмæ фæуыдзæн мемориалон уæлмæрды "Хъыджы бæласы" цур. Сæрмагонд равдысты фенӕн уыдзæн терроризмы амæттæгты рыст æмæ хъыг.

Беслӕны 1-ӕм скъолайы 2004 азы террористтӕ амытӕнты систой ахуыргнӕджытӕ, ахуырдзаутӕ ӕмӕ сӕ ныййарджыты. Ӕртӕ боны хъизӕмӕртты фӕстӕ аскъуыддзаг тыхст адӕмы хъысмӕт — тыхон структурӕтӕ бӕстыхай систой штурмӕй. Ацы таргеди ахаста 332 царды, уыдонӕн сӕ фылдӕр уыдысты ӕнахъом сабитӕ.

2004 азы Беслан ӕвирхъау трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ ӕрвылаз ссарынц Хуссар Ирыстоны дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0