Цæгат Ирыстоны уагъд æрцæудзæн форум "Дæргъæвс- 2015"

© Sputnik / Зарина ГабараеваДæргъæвс
Дæргъæвс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Форум "Дæргъæвс -2015" хайад райсдзæн Хуссар Ирыстоны фæсивæд.

ЦХИНВАЛ, 21 авг — Sputnik. Фæсивæдон форум "Дæргъæвс —2015" уагъд æрцæудзæн Цæгат Ирыстоны 25-30 августы, фехъусын кодтой Sputnik РЦИ-А спорт, физикон культурæ æмæ фæсивæды хъуыддæгты фæдыл министрады.

Мадзалмæ хуынд æрцыдысты Сирийы делегаци, кæцы ныртæккæ ис Дзæуджыхъæуы, Луганскæй лигъдæттæ, Санкт-Петербурджы æмæ Мæскуыйы ирон диаспорæты минæвæрттæ, афтæ ма æрыгон хуссарирыстойнаг активисттæ.

"Форумы нысан у фæсивæды сфæлдыстадон потенциалы райрæзт, афтæ ма республикæйы актуалон хæслæвæрдтæ скъуыддзаг кæныны тыххæй фæсивæд æмæ проектон къордты интеграци. Форумы змæлд здæхт у патриотикон æмæ лидерон хъомыладмæ, националон культурæ æмæ историмæ цымыдис фæуæлдæр кæнынмæ", — радзырдта спорты министрады минæвар Цидайты Азæмæт.

Форум арæзт æрцыд æнæбюджетон фæрæзты фæрцы, уагъд цæудзæн Дæргъæвсы агауы районы, Хуссар Хынцæджы хъæуы.

Ног хабӕртты лентӕ
0