Мамсыраты Ирмæ: мадæлон æвзаг базонын куы дæ фæнда, уæд дын цæлхдуртæ нæ уыдзæн

© Sputnik / Нарек ОрдянИрма Мамсурати
Ирма Мамсурати - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Аланты ӕхсӕнадӕмон цӕдисы къухдариуӕггӕнæг, æвзонг дизайнер æмæ йæ адæмы патриот Мамсыраты Ирма радзырдта туркаг ирæттӕн ахуырадон проекттыл, коммуникацион зындзинæдтыл æмæ дизайнеры куыстыл.

Мамсыраты Ирмæ радзырдта Sputnik уацхæссæгæн, йæ организацийы архайд цæмæй райдыдта, æввахс плантæ æмæ проекттыл.

—Цы дæ сразæнгард кодта Аланты ӕхсӕнадӕмон цӕдис саразынмӕ?

— Кæд æмæ 2006 азы онг никуы уыдтæн Ирыстоны, уæддæр мысыдтæн мæ Райгуырæн бæстæ. Уæдæй фæстæмæ райдыдтон цæуын Ирыстонмæ каникулты. Райдыдтон ахуыр кæнын мæ фыдæлты истори, бафæзмыдтой мæ ме`мбæлттæ дæр. Уый мын баххуыс кодта мæхи хуыздæр базонын. Уымæ гæсгæ мын мæхи базонынæн ахъаз уыд мæ адæмы, культурæ æмæ истори сахуыр кæнын. Уый мæ сразæнгард кодта бындур æрæвæрын ахæм организацийæн, кæцы æрбангом кодтаид ппæт дунейы аланты, цæмæй кæрæдзийæн æххуыс уой куысты, ахуырады æмæ æндæр фарстыты.

— Дæ раздæры интервьюты ды дзырдтай ирæттæн ахуырадон проекты райрæзтыл. Цы æмвæзадыл ис ацы идейæ ныртæккæ?

— Ныртæккæ бацæттæгонд æрцыд ацы проекты фæдыл æппæт документаци, фæнды нæ уый среализаци кæнын Европæйы. Уый у иттæг хорз фадат фæсарæнты ирон культурæ апарахат кæнынæн.

— Туркæй дарддæр цæрæг ирæттимæ уын исты иумæйаг проекттæ ис? Æндæр диаспорæтимæ уын ис ахастытæ?

Меморандум фæахъаз уыдзæн Sputnik æмæ ирон диаспорæйы æмгуыстадæн

— Кæй зæгъынæй хъæуы, мах тырнæм æппæт дунейы диаспорæтимæ æмæ Кавказы æндæр адæмты минæвæрттимæ ахастытæ фидар кæнынмӕ. Фæнды нæ фæсарæйнаг æмбæстæгтæн сорганизаци кæнын туртæ Ирыстонмæ, цæмæй сын фенын кæнæм нæ Райгуырæн бæстæйы культурæйы хъæздыгдзинад æмæ нæ райгуырæн зæххы рæсугъддзинад. Цæмæй адæмты æхсæн æмахастытæ уой хæларадон, уый тыххæй хъуамæ кæрæдзи базоной хуыздæр.

—  Ныртæккæ Ирыстоны ирæттæ æмæ туркаг ирæтты æхсæн фысгæ коммуникацийы сæйраг проблемæ у æндæр алфавиттæй пайдакæнынад. Туркаг ирæттæ пайда кæнынц латиницайæ, Ирыстоны цæрæг ирæттæ та раджы рахызтысты кириллицамæ. Куыд уыныс ацы прблемæйы скъуыддзаг?

— Мæ хъуыдымæ гæсгæ, кириллицæ афтæ зын сахуыр кæнæн нæу, мæхæдæг æй сахуыр кодтон 20 азы мыл куы цыд, уæд. Адæймаджы мадæлон æвзаг базонын куы фæнда, уæд ын цæлхдуртæ нæ уыдзæн.

— Кæронбæттæны радзур дæ дизайнерон куысты тыххæй. Дæ ирон уидæгтæ де сфæлдыстады сты æвдыст? Фадат нæй дæ коллекцитæн равдыст саразын Хуссар Ирыстоны?

— Дизайнерон дарæс саразыныл кусын 11 азы, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, мæ адæмы культурæ æвдыст у ме`сфæлдыстады. Ирыстонмæ мæ балцты фæстæ æз удцырын райстон ирон традицион чындзы къаба саразын, нæ культурæйы мотивтæм гæсгæ. 2010 азы мæ коллекци фенын кодтон Дзæуджыхъæуы, æмæ йæ тынг æхсызгонæй равдисин Хуссар Ирыстоны дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0