Автоавари аскъуыдта парламенты депутаты цард

© Sputnik / Алексей КовалевАдӕмон партийӕ парламенты депутат Дудайты Эрик (рахисӕрдыгӕй дыккаг)
Адӕмон партийӕ парламенты депутат Дудайты Эрик  (рахисӕрдыгӕй дыккаг) - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Авари ӕрцыд цыппӕрӕмы ӕхсӕвы, Цхинвал-Дзауы автотрассӕйы ӕхсӕзӕм километрыл.

ЦХИНВАЛ, 24 сен — Sputnik. Парламенты депут Адӕмон партийӕ Дудайты Эрик фӕмард аварийы фӕстиуӕгӕн, фехъусын кодта Sputnik мидхъуыддӕгты министр Лӕууойты Ӕхсар.

Министры ныхӕстӕм гӕсгӕ, авари ӕрцыд ӕртыццӕгӕй цыппӕрӕммӕ ӕхсӕвы, Цхинвал-Дзауы автотрассӕйы ӕхсӕзӕм километрыл.

"Дудайты Эрик хӕдтулгӕ скъӕргӕйӕ нал фӕцарӕхст ӕмӕ йӕ машинӕ ахауд хидӕй. Машинӕйы йӕхицӕй дарддӕр ничи уыд", — загъта уый.

Лӕууойты Ӕхсар ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта, ныртӕккӕ кӕй цӕуы куыст ӕнамонд цауы аххосӕгтӕ рафӕлгъауыныл.

Дудайты Эрик активон хайад иста Гуырдзыстон агрессийы ныхмӕ тохты. 2009 азы Адӕмон партийӕ ӕвзӕрст ӕрцыд парламенты депутатӕй, 2014 азы ӕвзӕрстыты та бацыд 6-ӕм ӕрсидты депутатты скондмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0