Ном фездӕхынӕн нал у

© Sputnik / Ада БагианНом фездӕхынӕн нал у
Ном фездӕхынӕн нал у - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ном фездӕхынӕн нал у, ирон бинонтӕ сӕ сабитӕн нӕмттӕ агурынц фыдæлты таурæгъты, аланты, скифты, сӕрмӕтты историйы, Нарты эпосы ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фӕсарӕйнаг кинонывты.

ЦХИНВАЛ, 30 сен — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Фӕстаг ӕзты Хуссар Ирыстоны сбирӕ сты ноггуырдтыл уырыссаг ӕмӕ фӕсарӕйнаг нӕмттӕ ӕвӕрыны цаутӕ. Сабидӕттӕ ӕмӕ скъолаты кӕртытӕй арӕхдӕр хъуысы Елизавета, Валерия, Мария, Джесика, Милана, Эрик, Ричард, Дима, стӕмдӕр хатт ирон нӕмттӕ.

Алкӕцы бинонтӕ дӕр сӕ сабийы райгуырды агъоммӕ дӕргъвӕтин рӕстӕг февзарынц сӕ хъӕбулӕн рӕсугъд ӕмӕ аив ном. Ирон адӕммӕ фыдӕлтӕй баззад ӕмбисонд "ном фездӕхынӕн у", фӕлӕ рӕстӕг куы ӕрцӕуы, уӕд ном ӕвзарыны фӕдыл бинонты ӕхсӕн рауайы хъаугъатӕ. Рагон ирон патриархалон ӕгъдаумӕ гӕсгӕ ноггуырдыл ном ӕвӕрдта фыд, науӕд бинонты хистӕр, фӕлӕ ацы традици ныры дуджы рохуаты аззад. Нырыккон бинонты ӕхсӕн ном ӕвӕрыны хъуыддаг аскъуыддзаг кӕнынц иумӕйаг тыхтӕй.

Фыццаг рады лӕууынц уырыссаг ӕмӕ фӕсарӕйнаг нӕмттӕ, уыдон фылдӕр бӕрцӕй ӕвӕрынц чызджытыл. Сабидон "Зӕрин дӕгъӕл"-ы хъомылгӕнӕг Гаглойты Земайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, сӕ рӕвдауӕндоны иууыл фылдӕр ис Елизаветатӕ, Валериятӕ, Мариятӕ ӕмӕ Дианатӕ.

"Лӕппуты ӕхсӕн нӕм иууыл популярондӕр у Арсен, арӕх ӕмбӕлы Георгий дӕр. Фӕстаг рӕстӕджы ма цӕсты хауы иу ахӕм фӕзынд — бирӕтӕ сӕ цотӕн раттынц Библийӕ ист нӕмттӕ — Сава, Матвей, Даниил ӕмӕ ӕндӕртӕ", — дзуры Зема.

Бирӕтӕ сӕ цотӕн нӕмтӕ равзарынц фӕсарӕйнаг кинонывтӕм бакӕсгӕйӕ, науӕд та сериалты ӕмӕ чингуыты хъайтарты нӕмттӕ, афтӕмӕй Цхинвалы ирон сабиты ӕхсӕн сбирӕ сты фӕсарӕйнаг нӕмтты хицӕуттӕ.

© Sputnik / Наталья АйриянИс ахӕмтӕ дӕр, кӕцытӕ сӕ цотыл ӕвӕрынц ӕрмӕстдӕр сыгъдӕг ирон нӕмттӕ.
Жара в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ис ахӕмтӕ дӕр, кӕцытӕ сӕ цотыл ӕвӕрынц ӕрмӕстдӕр сыгъдӕг ирон нӕмттӕ.

Горӕты ЗАГСы хайады хистӕр Дзасохты Ирина куыд радзырдта Sputnik, афтӕмӕй ныййарджытӕ цыма ерыстӕ фӕкӕнынц, чи сӕ ӕнахуырдӕр ном ӕрымысдзӕн йӕ сабийӕн.

"Мӕ зӕрдыл ма лӕууы, иухатт ЗАГСы кусӕг ныййарджытимӕ хыл дӕр фӕцис, сӕ фыртыл Ричард кӕй ӕвӕрдтой, уый тыххӕй, фӕлӕ ма ныр ахӕмтыл чи дис кӕны", — загъта уый.

1990 азты нӕ хуссайраг сыхӕгтимӕ ныхмӕлӕуды рӕстӕджы бирӕтӕ райдыдтой ӕвзарын ирон нӕмттӕ, фӕлӕ та сӕ фӕстӕдӕр ӕрбайрох ацы хъуыддаг.

"Оригиналон нӕмттӕ ма сӕвӕрдтой сӕ сабитыл ныййарджытӕ, сӕхи нӕмтты фыццаг уӕнгтӕ баиу кӕнгӕйӕ. Афтӕ райгуырдысты нӕмтӕ Шура ӕмӕ Ваняйӕ — Шурван, Александр ӕмӕ Верайӕ — Алвер, Алик ӕмӕ Дианайӕ — Алдина ӕмӕ ӕндӕртӕ", — дзуры ЗАГСы хистӕр.

Ивгъуыд заманты ирон адӕммӕ уыд бирӕ гуырысхойаг нӕмттӕ, афтӕ сӕ сабитыл бирӕтӕ ‘вӕрдтой Хъыбыл, Саукуыдз, Саучызг, Чызнал, Налхъуытӕ ӕмӕ ӕндӕртӕ. Ирон адӕм, мæнгуырнындзинадыл ӕнцойгӕнгӕйӕ, ӕвзӕрстой ацы нӕмттӕ. Зӕгъӕм "Саукуыдз" номӕй ныййарджытӕ хъавыдысты хӕйрӕг ӕмӕ фыдбылызӕй бахизын сӕ хъӕбулы. Уырдыгӕй ма уыд традици дыууӕ ном дӕттын сабийӕн. Иу ном фыст ӕрцыд йӕ гӕххӕттыты, аннӕ номӕй йӕ хуыдтой ӕввахс адӕм, афтӕмӕй суагъӕйы цы номӕй нысан ӕрцыд, уый иу ын хатгай йе ‘мгӕрттӕ дӕр нӕ зыдтой.

Гуырынад Хуссар Ирыстоны.
Гуырынад Хуссар Ирыстоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гуырынад Хуссар Ирыстоны.

 

Фӕлӕ ис ахӕмтӕ дӕр, кӕцытӕ сӕ цотыл ӕвӕрынц ӕрмӕстдӕр сыгъдӕг ирон нӕмттӕ. Уыдоны ӕхсӕн иууыл популярондӕртӕ сты Алан, Сӕрмӕт, Барсӕг, Сослан, Батрадз, Арсен, Алана, Амага, Айса ӕмӕ ӕндӕртӕ. Афтӕ ма фыдӕлты историйӕн уӕлдай стырдӕр кад чи кӕны, уыдон сӕ сывӕллӕттӕн ном равзарын бафӕлварынц Скифтӕ, Алантӕ ӕмӕ Сӕрмӕтты цардыл афӕлгӕсгӕйӕ.

Зынгӕ хуссарирыстойнаг ӕхсӕнадон архайӕг Бестауты Бала йе ‘хсӕз хъӕбулӕн дӕр радта ирон нӕмттӕ. Фыццаг дыуууӕйы схуыдта арӕх ӕмбӕлгӕ нӕмттӕй — Алан ӕмӕ Зӕринӕ, фӕлӕ иннӕтӕн нӕмттӕ равзӕрста РХИ Зонадон-Иртасӕн институты кусджыты ӕххуысӕй.

"Зонадон-Иртасӕн институты кусӕг Цхуырбаты Замирӕимӕ иу равзӕрстам, нӕ рагфыдӕлтӕм цы нӕмтӕ ӕмбӕлдис, уыдонӕй. Мӕ дыууӕ кӕстӕр лӕппутӕ хуыйнынц Бега ӕмӕ Бибо, ацы нӕмттӕ ирон адӕммӕ афтӕ рагзамантӕй не ‘рхӕццӕ сты. Масайа та у мӕ чызджы ном. Историон бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, уый уыд кадджын, ӕгъдауджын скифаг сылгоймаг. Бинонты кӕстӕры та схуыдтон Мата, уый дӕр нӕм ӕрхӕццӕ рагфыдӕлтӕй", — дзуры Бестауты Бала.

Уый ма куыд радзырдта, афтӕмӕй кӕд раздӕр адӕммӕ диссаг кастысты ацы нӕмттӕ, уӕд сӕ ныр фӕзмын райдыдтой.

© Sputnik / Ада БагианНом фездӕхынӕн нал у.
Дети с обручами в лагере Солнышко - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ном фездӕхынӕн нал у.

Спорты сгуыхт архайӕг Джиоты Руфин дӕр куыд радзырдта Sputnik, афтӕмӕй йӕ ном рагфыдӕлты историйӕ ист кӕй у, уый куы базыдта, уӕдӕй фӕстӕмӕ дзы уӕлдай сӕрыстыр у.

"Мӕ фыд ӕй цӕмӕн равзӕрста, уый нӕ зонын, фӕлӕ мӕхӕдӕг цымыдис кодтон ӕмӕ фӕсарӕйнаг ахуыргонды куысты фембӕлдтӕн ацы номыл. Скифаг паддзахады цытджын хъахъхъӕнӕджы ном дӕр уыд Руфин. Ныр ма мын ном ӕвӕрыны бар куы радтой, уӕд лӕппуйы схонин Руфин, чызгӕн та уарзын Зӕринӕ ном", — дзуры Руфин.

Авдаздзыд Сӕрмӕт та нымайы, дунейы Барсӕгӕй рӕсугъддӕр ном кӕй нӕй, ӕмӕ йын куыддӕр чысыл ӕфсымӕр фӕзына, афтӕ йын схӕлар кӕндзӕн Барсӕг ном.

Ног хабӕртты лентӕ
0