Хуссар Иры рабӕрӕг ис хуыздӕр барӕг

© Sputnik / Ада БагианДжеры комы бӕхты дугътӕ
Джеры комы бӕхты дугътӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Джеры комы ӕртӕ километры дистанцийыл Сау дзуармӕ хӕстӕг иууыл арӕхстджындӕр барджытӕ райдыдтой сӕ дугъ. Дугъы сӕ бӕхтӕ уагътой авд барӕджы республикӕйы алы районтӕй.

ЦХИНВАЛ, 27 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны арӕхстджындӕр барджытӕ сӕ тыхтӕ бавзӕрстой дыццӕджы Цхинвалы районы Джеры комы бӕхты дугъты. Фыццаг дыууӕ бынаты адих кодтой гореттаг барджытӕ ӕмӕ ӕртыккаг бынат та бацахста Църуйы цӕрӕг.

Хъӕу кӕд федзӕрӕг, уӕддӕр дугътӕ, ӕвзӕр боныгъӕдмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, Джеры къуылдыммӕ ӕрӕмбыд кодтой сӕдӕгай адӕймӕгты. Чи йӕ бӕхы фӕлвӕрдта дугъы, чи та ссыд барджыты тохтӕм бакӕсынмӕ.

© Sputnik / Ада БагианЧи йӕ бӕхы фӕлвӕрдта дугъы, чи та ссыд барджыты тохтӕм бакӕсынмӕ.
Скачки на лошадях  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Чи йӕ бӕхы фӕлвӕрдта дугъы, чи та ссыд барджыты тохтӕм бакӕсынмӕ.

Дугъуадзджытӕй иууыл ӕныстджындӕртӕ разындысты Цхинвалы районы гореттаг барджытӕ. Куыдзеты Реуаз райста фыццаг бынат, Туаты Алан та — дыккаг.

Туаты Алан нырма хӕрзӕвзонг лӕппу у, 18 азӕй фылдӕр ыл нӕ цӕуы, фӕлӕ, йӕхӕдӕг куыд зӕгъы, афтӕмӕй уыдонӕй 12 азы бады бӕхыл.

"Рамбулынӕн хъӕуы фидар бӕх ӕмӕ фӕлтӕрд барӕг. Мӕ бӕхыл цӕуы фондз азы ӕмӕ фидарӕй тох кодта, фӕлӕ Реуазы бӕх разынд фӕразондӕр", — радзырдта Sputnik дыккаг бынаты хицау.

© Sputnik / Ада БагианФыццаг дыууӕ бынаты адих кодтой гореттаг барджытӕ ӕмӕ ӕртыккаг бынат та бацахста Църуйы цӕрӕг.
Скачки на лошадях  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фыццаг дыууӕ бынаты адих кодтой гореттаг барджытӕ ӕмӕ ӕртыккаг бынат та бацахста Църуйы цӕрӕг.

Уӕлахиздзауты номхыгъд баххӕст кодта църуйаг лӕппу Гӕззаты Вадим дӕр. Ӕртыккаг бынаты хицау ерысты райдайӕны цыд фыццаг, фӕлӕ бӕх йӕ барӕгыл ахуыр кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ дистанцийӕ фӕиппӕрд ӕмӕ ма сӕ къухы бафтыд ӕрмӕстдӕр ӕртыккаг бынат.

Уӕлахиздзауты хорзӕхкӕныны церемонийы фӕстӕ ма ӕртӕ ӕныстджыдӕр барӕджы ноджы иу хатт бавзӕрстой сӕ тыхтӕ ӕмӕ уӕд та тыхджындӕр разынд Гӕззаты Вадим.

Уӕлахиздзаутӕ ӕмӕ хайадисджытӕ хорзӕхджын ӕрцыдысты кубоктӕ, дипломтӕ, ӕхцайы премитӕ ӕмӕ зӕрдылдарӕн лӕвӕрттӕй.

© Sputnik / Ада БагианРамбулынӕн хъӕуы фидар бӕх ӕмӕ фӕлтӕрд барӕг.
Скачки на лошадях  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рамбулынӕн хъӕуы фидар бӕх ӕмӕ фӕлтӕрд барӕг.

Бӕхты дугъты организатор Къӕбулты Ренаты ныхӕстӕм гӕсгӕ, мадзал арӕзт ӕрцыд йӕ зынгхуыст фыд Хъазбег ӕмӕ ӕфсымӕр Юрийы рухс нӕмттӕ ссарыны нысанӕн.

"1991 азы уӕззау хӕстон рӕстӕджыты Уанаты хидыл бӕхыл фӕцӕйцӕугӕйӕ гуырдзиӕгтӕ фехстой мӕ фыдӕн йӕ бӕх, йӕхӕдӕг та уӕдӕй абонмӕ у ӕбӕрӕг сӕфт. Ме ‘фсымӕр та йӕ трагикон мӕлӕты размӕ архайдта Сау дзуары агъуыст саразыныл, уый тыххӕй равзӕрстам ацы бынат дугътӕ уадзынӕн", — радзырдта организатор.

Уый ма банысан кодта, фыццаг хатт ацы дугътӕ уагъд кӕй ӕрцыдысты 2010 азы. Уӕд барджытӕ ерыс кодтой Уанаты хъӕуӕй Сау дзуары онг.

Бӕхты дугътӕ Хуссар Ирыстоны организацигонд цӕуыц фермерон хӕдзарад "Сидуг"-ы тыхтӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0