Транскам æрæхгæдтой æртæ сахатмæ УУМ-ы ахуырты тыххæй

© Sputnik / Екатерина ВалиеваТранскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ахуырты рæстæджы ирвæзынгæнджытæ бакусдзысты структурæты æмархайдыл, кæцытæ кусынц РХИ æмæ УФ цы иунæг фæндаг иу кæны, уый æдасдзинадыл.

ЦХИНВАЛ, 11 ноя — Sputnik. Транскавказаг автомагистраль, кæцы иу кæны Хуссар Ирыстон Уæрæсеимæ, æхгæд уыдзæн 10 сахатæй 13 сахаты онг Уæлвæткон уавæрты министрады ахуырты тыххæй, фехъусын кодтой Цæгат Ирыстоны УУМ-ы сæйраг управленийы пресс-службæйы.

"Транскамы ахуырты фæлгæтты бакусдзысты структурæты æмархайдыл, кæцытæ ифтонг кæнынц автомагистралы æдасдзинад. Ахуырты хайад райсдзысты Уæрæсейы УУМ-ы специализацигонд зынгхуыссæн-ирвæзынгæнæн хай, цæгатирыстойнаг агурæн- ирвæзынгæнæн къорд, Алагиры зынгхуыссæн гарнизон", — загътой управленийы.

УУМ бахатыдысты шофыртӕм, цæмæй развæлгъау равзарой сæ балцы рæстæг Транскамыл, цалынмæ ахуыртæ кæронмæ нæ бахæццæ уой.

Ног хабӕртты лентӕ
0