Хуссарирыстойнаг богалтӕ хайад райсдзысты ӕмбуар хӕсты дунейон фыццагады

© Sputnik / Виталий Аньков /  Ахизын медиабанкмæХуссарирыстойнаг богалтӕ хайад райсдзысты ӕмбуар хӕсты дунейон фыццагады
Хуссарирыстойнаг богалтӕ хайад райсдзысты ӕмбуар хӕсты дунейон фыццагады - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕмбуар хӕстӕй Хуссар Ирыстоны ӕмбырдгонд командӕйы скондмӕ бацыд фондз ӕвзонг спортсмены, уыдон ӕртӕ боны дӕргъы тох кӕндзысты спорты ацы хуызы иууыл ӕнтыстджындӕрты ном райсыныл.

ЦХИНВАЛ, 11 ноя — Sputnik. Хуссарирыстойнаг спортмсентӕ сӕ фӕлтӕрддзинад бафӕлвардзысты Калининграды уагъд цӕуӕг ӕмбуар хӕсты дунейон фыццагады, фехъусын кодтой Sputnik фӕсивӕдон политикӕ спорт ӕмӕ туризмы комитеты.

Ерысты архайдзӕн ӕппӕт дунейӕ 50 спортсмены, уыдоны ӕмрӕнхъ Хуссар Ирыстонӕй дӕр фондз богалы 15-17 азы кары.

"Ерыстӕ цытджын уавӕры конд ӕрцӕудзысты 13 ноябры. Нӕ республикӕйӕ турнирмӕ ацыд фондз скъоладзауы. Ӕвзонг богалты цӕттӕ кӕны тренер Хъуылымбегты Мамед", — радзырдта уагдоны пресс-секретарь.

Хуссар Ирыстоны ӕвзонг богалтӕн спортивон ерыстӕм балц организацигонд цӕуы республикӕйы Уӕлдӕр спортивон цӕттӕдзинады скъолайы тыхтӕй, фӕсивӕдон политикӕйы комитет ӕмӕ ӕмбуар хӕсты федерацийы президент Бибылты Анатолий ӕххуысӕй.

Ӕмбуар хӕсты дунейон фыццагад цӕудзӕн 13-16 ноябры Калининграды. Ам хайад райсдзысты спортсментӕ Узбекистан, Киргизи, Казахстан, Таджикистан, Эстони, Украинӕ, Венгри, Уӕрӕсе, Чехи ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕтӕй. Калининграды фыццаг хатт цӕуынц ахӕм уӕрӕх айтыгъды ерыстӕ. Организатортӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ӕмбуар хӕсты федерацитӕй бӕрон уазджытӕм.

Ног хабӕртты лентӕ
0