Хуссар Ирыстон æнгом кæндзæн Сириимӕ ахастытæ

© Sputnik / Пресс-служба ПосольстваГасситы Знауыр æмæ Арабаг Сириаг Республикæйы минæвар УФ-йы Рияд Хаддады фембæлд
Гасситы Знауыр æмæ Арабаг Сириаг Республикæйы минæвар УФ-йы Рияд Хаддады фембæлд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сирийы минæвар банысан кодта, дисы йӕ кӕй ӕфтауы Хуссар Ирыстоны адæмы тох сæ хæдбардзинад æмæ сæрибардзинады сæрыл.

ЦХИНВАЛ, 11 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны минæвар Уæрæсейы Федерацийы Гасситы Знауыр æмæ Арабаг Сириаг Республикæйы минæвар УФ-йы Рияд Хаддад æрдзырдтой бæстæты æхсæн дипломатон ахастыты райрæзтты фадæттыл, фехъусын кодтой Sputnik хуссарирыстойнаг дипломатон уагдоны.

Фембæлд уагъд цыд Арабаг Сириаг Республикæйы минæварады Уæрæсейы.

Хуссарирыстойнаг дипломатон уагдоны минæвары ныхæстæм гæсгæ, ныхасы рæстæджы Рияд Хаддад банысан кодта, дисы йӕ кӕй ӕфтауы Хуссар Ирыстоны адæмы тох сæ хæдбардзинад æмæ сæрибардзинады сæрыл æмæ курæг уыд, цæмæй фæхæццæ кæной бузныджы ныхæстæ Республикæ Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонидмæ, Арабаг Сириаг Республикæйы президент Башара Асады æмæ æппæт Сирийы адæмы фарс кæй хæцы, уый тыххæй.

"Абон Сирийы ныфс нæ сæтты йæ адæмы хъæбатырдзинад æмæ Уæрæсейы æххуысы фæрцы, кæцыимæ нын ис историон хæларадон ахастытæ, фæлæ ма мах хъæуы æндæр бæстæты æххуыс дæр", — банысан кодта Рияд Хаддад.

Гасситы Знауыр бузныг загъта Рияд Хаддадæн фембæлды тыххæй æмæ банысан кодта, 2008 азы Уæрæсе кæй фервæзын кодта Хуссар Ирыстоны радон геноцидæй.

"Уæрæсе фæдаргъ кодта йе`ххуысы къух Сирийы æфсымæрон адæммæ, ирвæзын кæны æрмæст йæ паддзахаддзинад нæ, фæлæ май йæ хайбавæрд хæссы æппæт дунейы стабилондзинадмæ", — загъта Гасситы Знауыр.

Рияд Хаддад бузныг загъта Гасситы Знауырæн йæ визиты тыххæй æмæ ныфс бавӕрдта, кæй фехъусын кæндзæн Сирийы къухдариуæгадæн ауагъдгонд диалогы тыххæй, куыд дыууæ бæстæты æхсæн æууæнчы райрæзты ахсджиаг къахдзæфыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0