Транскам байгом фӕндагон змӕлдӕн

© Sputnik / Владимир ИвановРучы тоннель Транскамыл
Ручы тоннель Транскамыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Транскам кусы ӕрвылбонон режимы13.00 сахатӕй фӕстӕмӕ.

ЦХИНВАЛ, 11 ноя — Sputnik. Транскавказаг автомагистраль, кæцы иу кæны Хуссар Ирыстон Уæрæсеимæ, байгом фӕндагон змӕлдӕн, фехъусын кодтой Sputnik республикӕйы УУМ-ы.

Фӕндаг ӕхгӕд уыд 10 сахатæй 13 сахаты онг Уæлвæткон уавæрты министрады ахуырты тыххæй.

"Транскам кусы ӕрвылбонон режимы 13.00 сахатӕй фӕстӕмӕ", — загътой УУМ-ы.

Транскамы ахуырты фæлгæтты бакуыстой структурæты æмархайдыл, кæцытæ ифтонг кæнынц автомагистралы æдасдзинад. Ахуырты хайад райстой Уæрæсейы УУМ-ы специализацигонд зынгхуыссæн-ирвæзынгæнæн хай, цæгатирыстойнаг агурæн-ирвæзынгæнæн къорд, Алагиры зынгхуыссæн гарнизон.

Ног хабӕртты лентӕ
0