Эдвард Радзинский сисдзæн алæвæрдты цикл Хуссар Ирыстоны тыххæй

© Sputnik / Пресс-служба Посольства РЮО в РФЭдвард Радзинский Хуссар Ирыстоны минæварады
Эдвард Радзинский Хуссар Ирыстоны минæварады - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гасситы Знауыр æмæ Эдвард Радзинский æруынаффæ кодтой культурæйы къабазы æмгуыстады фарстытыл, сæрмагондæй та Ирыстоны тыххæй алæвæрдты цикл саразыныл.

ЦХИНВАЛ, 11 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны минæвар Уæрæсейы Федерацийы Гасситы Знауыр фембæлд зынгæ уæрæсейаг фыссæг, драматург, сценарист æмæ телеамонæг Эдвард Радзинскиимæ, фехъусын кодтой Sputnik дипминæварады пресс-службæйы.

"Фембæлды рæстæджы, кæцы ацыд хæларадон уавæры минæварады, дзырдæуыд культурæйы къабазы æмгуыстады алыгъуызон фарстытыл, сæрмагондæй та Ирыстоны тыххæй алæвæрдты циклы саразыныл", — банысан кодтой минæварады.

Агентады ныхасæмбал банысан кодта, Эдвард Радзинский райгонд кæй баззад хъарм райсты тыххæй æмæ фидарæй загъта, ахæм проекттæ кæй гом кæнынц уæрæх перспективæтæ дарддæры æмгуыстадæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0