"Амонд" фестиваль "Терпсихора России"-йӕ ӕрхаста фыццаг бынат

© Sputnik / Ада Багиан"Амонд" фестиваль "Терпсихора России"-йӕ ӕрхаста фыццаг бынат
Амонд фестиваль Терпсихора России-йӕ ӕрхаста фыццаг бынат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
"Амонд" конкурсы равдыста дыууӕ ирон кафты - "Симд" ӕмӕ "Хӕххон кафт".

ЦХИНВАЛ, 25ноя — Sputnik. Хуссарирыстойнаг адӕмон кафты ансамбль "Амонд" ӕппӕтуӕрӕсейон фестиваль-конкурс "Терпсихора России"-йы бацагъста фыццаг бынат адӕмон кафты номинацийы, фехъусын кодта Sputnik ансамблы аивадон къухдариуӕггӕнӕг Козаты Родион.

Ансамбль акодта фестивалмӕ 12 къайы. "Амонд" конкурсы равдыста дыууӕ ирон кафты — "Симд" ӕмӕ "Хӕххон кафт".

"Адӕмон кафты номинацийы нын фыццаг бынат радтой, "Симд" ӕмӕ "Хӕххон кафт" иттӕг хорз кӕй сӕххӕст кодтам, уый тыххӕй. Фӕндыд нӕ Гран-при райсын, фӕлӕ мах цы номинацийы архайдтам, уым иууыл бӕрзонддӕр хорзӕх уыд фыццаг бынат ӕмӕ нӕ къухы бафтыд", — радзырдта Козаты Родион.

Уый ма банысан кодта, ацы фестивалы ансамбль арӕх кӕй бацахсы призон бынӕттӕ.

Фестиваль-конкурс "Терпсихора России" цыд 20 ноябры Ессентукийы. Ансамбль "Амонд" архайы Цхинвалы районы культурӕйы хайады дӕлбар.

Ног хабӕртты лентӕ
0