Цхинвалы сæндидзыдта доны ифтонгад

© Sputnik / Михаил Фомичев /  Ахизын медиабанкмæЦхинвалы сæндидзыдта доны ифтонгад
Цхинвалы сæндидзыдта доны ифтонгад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
ПУК "Водоканал" цыбыр рӕстӕгмӕ аскъуыддзаг кодта донæй ифтонгады проблемæ Цхинвалы.

ЦХИНВАЛ, 3 дек — Sputnik. Цалцæггæнæн бригадæтæ цыбыр æмгъуыдмæ аиуварс кодта магистралон доны хæтæл Едыс- Цхинвалыл цы авари æрцыд, уый фæстиуджытæ, фехъусын кодтой Sputnik мэрияйы пресс-службæйы.

Цхинвалы дысон æнæхъæн æхсæв нæ уыд дон. Магистралон доны хæтæлы аварийы аххосаг ссис цъыфы зæй, кæцы бахъыгдардта хæтæлы.

"Цалцæггæн бригадæ æнæхъæн æхсæв куыста аварийы бынаты. Уымæ гæсгæ кусджытæн бантыст цыбыр æмгъуыдмæ доны проблемæ аскъуыддзаг кæнын", — загътой мэрияйы.

Ныридæгæн горæты доны хæтæлты резервуартæм цæуы дон æмæ куыддæр байдзаг уой, афтæ цæрджыты хæдзæртты рацæудзæн дон.

Ног хабӕртты лентӕ
0