Дунейон прокаты рацæудзæн ирон актеримӕ киноныв "Мафия"

© сайт посольства РЮО в РФФильм "Мафия"-йы кадр
Фильм Мафия-йы кадр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Кинонывы сӕйраг роль сӕххӕст кодта зынгӕ цӕгатирыстойнаг актер Цаллаты Вадим.

ЦХИНВАЛ, 10 дек — Sputnik. Уæресейаг æмæ дунейон прокаты 1 январæй рацæудзæн масштабон фантастикон экшн "Мафия", цыран сæйраг роль сæххæст кодта зынгæ уæрæсейаг актер, РЦИ-Аланийы адæмон артист Цаллаты Вадим, фехъусын кодтой Sputnik Уæрæсейы уæвæг Хуссар Ирыстоны минæварады пресс-службæйы.

Кинонывы архайдтытӕ цӕуынц фидӕны. Популярон хъазт ссис ӕнтыстджын телеалӕвӕрд, цыран 11 адӕймаг ӕрӕмбырд уыдзысты, цӕмӕй сбӕрӕг кӕной, чи сӕ у Сабыр цӕрӕг, чи та — Мафия. Уӕлахидзаумӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕхцайы егъау приз, фембылдуӕвӕгмӕ та — мӕлӕт.

Цаллаты Вадим 2015 азы 7 декабры фæуазæг Хуссар Ирыстоны минæварадмæ УФ-йы. Культурæйы фарстаты фæдыл атташе Владимир Сергеевимæ ныхасгæнгæйæ, æрдзырдтой дарддæры æмгуыстадыл, сæйраджыдæр "Мафия"-йы равдыстыл æмæ зынгæ ирон артисты аивадон изæр Цхинвалы ауадзыныл.

Ног хабӕртты лентӕ
0