Хъуылымбегты Доменти: инвестпрограммæйы реализаци бахызт кæронбæттæн стадимæ

© Sputnik / Андрей ТадтаевРХИ премьер-министры пресс-конференци
РХИ премьер-министры пресс-конференци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Премьер-министр банысан кодта, ацы аз цы 14 объект хъуамæ æрцыдаиккой лæвæрд эксплуатацимæ, уыдонæй дæс кӕй фесты арæзт.

ЦХИНВАЛ, 10 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны 2015 азы инвестицион программæйы реализаци бахызт кæронбæттæн стадимæ, ацы аз цы 14 объект хъуамæ æрцыдаиккой лæвæрд эксплуатацимæ, уыдонæй дæс объектыл фæцис арæзтад, фехъусын кодта журналисттæн хицауады сæрдар Хъуылымбегты Доменти.

Арæзтадон объект Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фидæн аз Хуссар Иры сæрмагонд хæдзæртты арæзтад нал адарддæр уыдзæн

2014 азы кæрон Хуссар Ирыстоны социалон —экономикон райрæзты инвестицион программæ фидаргонд æрцыд æртæ азмæ (2015-2017 азты). Документмæ гæсгæ, республикæйы хъуамæ арæзт æрцæуа 31 объекты. Уый тыххæй уæрæсейаг бюджетæй рахицæнгонд æрцæудзæн фараст миллиард сомы — фæйнæ æртæ миллиарды æрвылаз.

"Ацы аз цы 14 объект хъуамæ æрцыдаиккой лæвæрд эксплуатацимæ, уыдонæй дæсыл фæцис арæзтад. Ныфс нæ ис, иннæ объектты арæзтад дæр кæй фæуыдзæн азы кæронмæ", — загъта йæ пресс-конференцийы хицауады сæрдар.

Хъуылымбегты Доменти ма фехъусын кодта, инвестпрограммæйæ дарддæр ма хицауад кæй кусдзæн экономикæйы æндæр здæхтыты райрæзтыл дæр.

"Хицауады экономикон блокы раз æвæрд ис нысан экономикæйы райрæзты иууыл перспективондæр здæхтытæ сбæлвырд кæнын", — загъта премьер.

Хъуылымбегты Доментийы ныхæстæм гæсгæ, хицауад араздзæн къахдзæфтæ медицинæ, ахуырад æмæ культурæйы райрæзты хъуыддаджы, уыимæ иумæ социалон сферæйы приоритет лæвæрд цæудзæн лæггæдты гъæд фæбæрзонддæр кæнынæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0