Дудайты Чермен: ирон æвзаджы студи саразыны фӕнд йæхи нæ фæмæнг кодта

© FacebookЧермен Дудайты
Чермен Дудайты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон æвзаджы студи "Æ" байгом 2015 азы кæрон. Ахуыр дзы кæнынц æнæаргъæй, ахуырдзауты нымæцы ирæттæй дарддæр ис æндæр адæмыхатты минæвæрттæ дæр. Семинартæй дарддæр ма уыдон кæсынц кинонывтæм ирон æвзагыл, æмбæлынц лингвисттæ, фысджытæ, филологтимæ, цайдагъ кæнынц ирон культурæ æмæ традицитыл.

ЦХИНВАЛ, 18 апр — Sputnik, Козаты Дианæ. Ирон æвзаджы студи "Æ"-йы фыццаг къордӕн сæ ахуыр кæронмæ бахæццæ уыдзæн ацы мæй. 30 апрелы Националон зонадон библиотекæйы, цыран ӕрбынат кодта студи, уагъд æрцæудзысты цытджын мадзæлттæ, загъта Sputnik йӕ бындурæвæрæг Дудайты Чермен.

Студи байгом фарон декабры. Йæ бындурæвæрæг, æрыгон ирон поэт Дудайты Чермены ныхæстæм гæсгæ, ахæм скъолайы баконды хъуыды рагæй уыд æмæ ссис ирон æвзаг бахъахъхъæныны хъуыддагмæ чысыл, фæлæ ахсджиаг хайбавæрд.

Ныртæккæ студийы ахуыр кæны 70 адæймаджы — 16-70 кары, ардæм цæуынц ӕнӕхъӕн бинонтæй. Ахуыртæ уагъд цæуынц къуыри æртæ хатты фæйнæ дыууæ сахат.

"Райдайæны цы 60 адæм ныффыссын кодтой сæхи, уыдонæй алчи нæ баззад. Иутæ дзы уроктæ уагътой алыгъуызон аххосæгтæм гæсгæ, иннæтæ та нæ хъахъхъæдтой дисциплинæ. Мах стæм дисциплинæйы æвварс, уыимæ ма ацы скъолайы ахуыр у æнæаргъæй. Уымæ гæсгæ махæн ис бар домын, цæмæй адæмы ахаст ахуырмæ уа бæрнон", — загъта Чермен.

Ам цы бæрзондквалификацион ахуыргæнджытæ кусынц, уыдон æрмæст ирон æвзаг нæ амонынц, фӕлӕ ма ахуыргæнинæгты цайдагъ кæнынц ирон литературæ, культурæ æмæ традицитыл. Скъолайы æрмæст ирæттæ нæ ахуыр кæнынц, уый уайтагъд ссис популярон иннæ адæмыхӕттыты ‘хсæн дæр.

Дзæуджыхъæуы байгом дзургæ ирон æвзаг ахуыр кæныны студи - Sputnik Хуссар Ирыстон
РЦИ-А байгом ирон æвзаг ахуыр кæныны студи

Ахуыргæнинæгтæ дих сты æртæ къордыл. Фыццаджы ахуыр кæнынц, ирон æвзагыл хорз чи дзуры, фæлæ йæ грамматикæ кæй фæнды фæхуыздæр кæнын. Дыккаг æмæ æртыккаг къордты та æмбырд сты "лæмæгъдæр" æмæ бынтон æвзæр чи зоны ирон æвзаг, уыдон.

Семинартæй дарддæр ма ахуырдзаутæ, кæцыты нымæцы ирæттæй дарддæр ис æндæр адæмыхатты минæвæрттæ дæр, кæсынц кинонывтæм ирон æвзагыл, æмбæлынц лингвисттæ, фысджытæ, филологтимæ, цæуынц спектаклтæм.

"Фыццаг къордæй ирон æвзаг бынтондæр чи нæ зыдта, уыдонæн сæ фылдæр уыдысты ирæттæ. Дыккаг къорды, кæцы мах райстам цалдæр боны размæ, æрмæст ирæттæ нал ис. Уыдон ацы скъоламæ æрбацыдысты се ‘мгæрттæ æмæ зонгæты рекомендацимæ гæсгæ, кæцытæ ахуыр кæнынц фыццаг къорды", — загъта студийы бындурæвæрæг.

Дудайты Чермен банысан кодта, зæгъгæ æвзæр, кæнæ бынтондæр чи нæ зоны ирон æвзаг, уыцы адæймаг ирон æвзаг æртæ мæймæ нæ сахуыр кæндзæн — раст уыйас рæстæг ис къорды æвзаг сахуыр кæнынæн. Уымæ гæсгæ мæйы кæрон ахуыртæ кæронмæ бахæццæ уыдзысты "тыхджын" къордæн, иннæтæ та сæ ахуыр адарддæр кæндзысты.

Скъолайы æвзаг амонынц зындгонд ахуыргæнджытæ — УФ ахуырады кадджын кусæг, Цæгат Ирыстоны сгуыхт ахуыргæнæг Саламты Лидия, ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ Мамытаты Риммæ æмæ Касаты Асланбег.

Дудайты Чермен: поэзи алыхаттдӕр уыд ӕрыгӕтты фадыг

"Цас фæнды ма дзурæм, зæгъгæ, ирон æвзаг мæлы, ЮНЕСКО йæ бахаста сæфæг æвзæгты хыгъдмæ, аразæм алыгъуызон къамистæ, уæддæр уыдон сты ныхæстæ. Æнæаргъ скъола та дæтты реалон фадат мадæлон æвзаджы тыххæй зонындзинæдтæ райсын", — загъта студийы бындурæвæрæг.

Уый банысан кодта, зæгъгæ ацы хъæппæрисæй уавæр цæхгæр не сраст уыдзæн, фæлæ у фыццаг къахдзæф, стӕй бирæтæ ацы хъæппæрис дарддæр айстой æмæ райдыдтой гом кæнын ног скъолатæ, "фæлæ, хъыгагæн, уыдон æнæаргъ не сты".

Цалынмæ ирон æвзаджы студи йæ куыст кæны Дзæуджыхъæуы, уӕдмӕ йæ организатортæ нæ сафынц ныфс, мадæлон æвзаг сахуыр кæныны фадæттæ кæй фæзындзæн республикæйы æндæр регионты дæр.

"Мæнмæ дзырдтой Хуссар Ирыстоны Ленингоры районæй дæр. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, республикæйы къухдариуæгад хъуамæ йæ хъусдард аздаха ацы проблемæмæ æмæ баххуыс кæна йе ‘взаг кæй фæнды сахуыр кæнын, уыдонæн", — банысан кодта Чермен.

Ныр уал фыццаг рауагъдонтæ сæхи цæттæ кæнынц рауагъдмæ. Дудайты Чермены ныхæстæм гæсгæ, уыдон зæрдиагæй дарддæр цæуиккой студимæ, уымæ гæсгæ къухдариуæгад ныртæккæ хъуыды кæны, куыд сӕ ‘рбангом кæна дарддæры куыстмæ.

"Мæ хъуыдымæ гæсгæ, уый æвдисæн у уымæн, æмæ ирон æвзаджы студи саразыны хъæппæрис кæй нæ фæмæнг ис", — загъта уый.

Ирон æвзаджы студи саразыны хъæппæрисы фарс раздæр балæууыдысты РЦИ-Аланийы парламенты зонад, ахуырад, культурæ æмæ информацион политикæйы комитет æмæ Паддзахадон Думæйы депутат Тайсауты Хъазбег. Студийы ахуыр цæуы æххуысчиныг "Дзурæм иронау: хистæр кары адæмæн ирон æвзаджы бындурон курс"-мæ гæсгæ, кæцыйыл Къорнаты Зинаидæ æмæ Саламты Лидия иумæ куыстой аст азæй фылдæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0