Стыр Уӕлахизы цытӕн Цхинвалы бакодтой дыууӕ равдысты

© Sputnik / Ада БагианРавдыст
Равдыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Равдыстытӕй ӕвзонг нывгӕнджыты фӕндыд ветерантӕн скад кӕнын, радон хатт сын бузныг зӕгъын сӕ хъӕбатырдзинад ӕмӕ ӕхсары тыххӕй.

ЦХИНВАЛ, 6 май — Sputnik. Уӕлахизы бонмӕ Цхинвалы бакондӕуыд дыууӕ равдысты — республикӕйы нывгӕнӕн уагдӕтты ахуырдзауты хуыздӕр куыстытимӕ цӕрджытӕ зонгӕ кӕндзысты ПККЗ "Чермен" ӕмӕ столицӕйы мэрияйы бӕстыхайы.

Равдыстыты ӕмткӕй равӕрдтой Тугъанты Махарбеджы номыл нывгӕнӕн ахуыргӕнӕндоны ӕмӕ Цхинвалы нывгӕнӕн скъолайы ахуыргӕнинӕгты куыстытӕ — ӕмткӕй 40 нывы онг.

"Равдыстытӕ фенӕн уыдзӕн 15 маймӕ. Ацы мадзӕлттӕй мах фӕндыд нӕ зынаргъ ветерантӕн скад кӕнын, радон хатт сын бузныг зӕгъын сӕ хъӕбатырдзинад ӕмӕ ӕхсары тыххӕй", — Sputnik нывгӕнӕн скъолайы директор Ӕлборты Ӕхсӕртӕг.

Равдыстытӕ арӕзт ӕрцыдысты Цхинвалы администрацийы культурӕйы хайады ӕххуысӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0