Дыууӕ хӕсты ветеран

© Sputnik / Руслан ТадтаевВетеран Гатыгкоты Захар
Ветеран Гатыгкоты Захар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ветеран Гатыгкоты Захар цӕры Цхинвалы. Цӕуы йыл 99 азы. Уый рацыд царды зынвадат фӕндӕгтыл, хайад райста дыууӕ хӕсты ӕмӕ дыууӕйы тыххӕй дӕр, йӕ кармӕ ӕнӕ кӕсгӕйӕ, дзуры лыстӕггай.

ЦХИНВАЛ, 6 май — Sputnik. Сержант Гатыгкоты Захар Иосифовы фыртӕн йӕ фыццаг хӕст — советон-финнаг — райдыдта 1939 азы.
Знауыры районы хъæуы скъола каст фæуыны фæстæ, Захар йæхи ныффыссын кодта бархионӕй æфсæддон коммисариаты æмæ йæ иннæтимæ арвыстой Львовмæ.

"Фыццаг уыд финнаг хæст. Иу авиаæрбабырсты фæстæ Маннергеймы хаххы цур калдтой бомбæтæ заводыл. Уыцы бомбежкæйы рæстæджы фæмард ме ‘мхæрæфырт Алексей. Мæхæдæг æй баныгæдтон. Тынг æвзонг æмæ хæдæфсарм лӕппу уыд", — мысы Захар.

Советон-финнаг хæсты фæстæ, Захар æхсæг батальоны сконды хæцыд немыцаг фашистты ныхмæ.

Ветеран Кокойты Григорий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рӕдыд сау гӕххӕтт

"Немыцæгтæ сæрибарæй æрбахызстысты нæ территоримæ Львовы. Фыццаг рæстæг нæхи фæстæмæ истам. Стӕй нæ тыхтæ æрбамбырд кодтам æмæ ацыдыстæм атакæйы. Уыдтæн æхсæг батальоны, уымæ гæсгæ архайдтон фылдæр немыцæгты скуынæг кæнын. Техникæ дæр нæм фаг уыд, хæдтæхджытӕ дæр ӕмӕ уацары бирæ немыцæгты ракодтам. Уацайрӕгты æхсæн уыд хорз сисамайджытæ, аразджытæ, уымӕ гӕсгӕ уыдонæй бирæты акодтой Тбилисмæ, цæрæн хæдзæрттæ аразынмæ", — дзуры Захар.

Йæ 99 азы ветеран чысыл хæццæ кæны датæтæ, фæлæ йæ хæстон æмбæлтты нæмттæ хъуыды кæны фидарæй.

"Мемæ уыд бирæ ирæттæ, фембæлдтæн-иу ме ‘мхъæуккæгтыл дæр. Мæ хæстон æмбæлттæ уыдысты Гæджиты Герисо æмæ Харитон, Куатетрийæ цалдæр лæппуйы Гæбæратæй. Мах кæрæдзиуыл хæцыдыстæм. Афтæ тохы быдыры æнцондæр уыд", — мысы ветеран.

1941 азы авиаæрбабырсты рæстæджы Захары къах фæцис уæззау цæф æмæ ссис дыккаг группӕйы инвалид.

"Сармадзаны нæмыджы схъис баззад мæ къахы, дохтыртæн нæ бантыст йæ сисын. Операци мын куы сарæзтой, уæд бирæ рæстæг хуыссыдтæн госпиталы, уый фæстæ мæ рарвыстой хæдзармæ, Знауырмæ. Райдыдтон кусын Знауыры хъӕусоветы", — дзуры ветеран.

Захар уæлдай фæлмæн æнкъарæнтимæ мысы, æфсæддон архæйдтытæ цы бынаты цыдысты, уыцы цæрджыты ахаст æфсæддонтæм.

"Львовы дзуттæгтæ уæй кодтой тынг хæрзад бæгæны. Махæй хæларзæрдæ дзуттаг æхца никуы райста. Дыууæ кружкæйæ фылдæр мæ бон нæ уыд баназын", — худы ветеран.

Æфсæддон, службæйон æмæ æмбæстагон хæс намысджынæй сæххæст кæныны тыххæй Захарæн лæвæрд æрцыд бирæнымæц ордентæ æмæ майдантæ, æмбæстагон Æвзист орден. Немыцаг агрессорты ныхмæ тохы хъӕбатырдзинад равдисыны тыххæй хорзæхджын æрцыд Фыдыбæстæйон хæсты фыццаг къæпхæны орденæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0