Гатыгкоты Захар радзырдта йӕ архайды тыххӕй Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты

Рафыссын
Сержант Гатыгкоты Захар Иосифовы фыртӕн йӕ фыццаг хӕст – советон-финнаг райдыдта 1939 азы.

Знауыры районы хъӕууон скъола каст фӕуыны фӕстӕ Захар военкоматы йӕхи ныффыссын кодта бархионӕй ӕмӕ йӕ йе ‘мгаримӕ иумӕ арвыстой Львовмӕ.

Советон-финнаг хӕст куы фӕцис, уӕд та Захар ӕхсӕн батальоны сконды тох кодта немыцаг фашисттимӕ.

Ныр Захарыл цӕуы 99 азы. Ветеранӕн хаттӕй-хатт кӕд датӕтӕ схӕццӕ вӕййынц, уӕд йӕ хӕстон ӕмбӕлтты нӕмттӕ та иууылдӕр хъуыды кӕны ӕнӕгуырысхойӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0