Сырх дзуар Хуссар Иры районтæн балæвар кодта хъæууонхæдзарадон техникæ

© Sputnik / Наталья БосиковаХъæууонхæдзарадон техникæ
Хъæууонхæдзарадон техникæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
СДÆК-ы минæвæрттæ районты сæргълæуджытæн, афтæ ма ПУК "Ирагропромсервис" –æн балæвар кодта техникæ.

ЦХИНВАЛ, 6 мая — Sputnik, Босыкты Наталья. Республикæйы уæвæг Сырх дзуары æхсæнадæмон комитет (СДÆК) Хуссар Иры районтæн балæвар кодта хъæууонхæдзарадон техникæйы парти.

Сырх дзуар æххуыс кæны фос дарыны æмæ зайæгойты куыстгæнджытæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сырх дзуар æххуыс кæны фос дарыны æмæ зайæгойты куыстгæнджытæн

СДÆК-ы минæвæрттæ техникæ радтой Цхинвалы, Дзауы, Знауыры æмæ Ленингоры районты сæргълæуджытæм, паддзахадон унитарон куыстуат "Ирагропромсервис" та райста æнæхъæн республикæйæн иунæг нартхоркæрдæн машинæ.

Районты сæргълæуджытæ загътой бузныг СДÆК-ы кусджытæн республикæйы хъæууон хæдзарады размæцыдæн се ‘ххуысы тыххæй.
Хуссар Иры уæвæг СДÆК-ы миссийы сæргълæууæг Налян Антмен радзырдта Sputnik, техникæ лæвæрд кæй æрцыд Сырх дзуары программæтæй иуы фæлгæтты.

"Адæмæн сæ фылдæр хъуыды кæнынц, зæгъгæ, мах сæйраджыдæр кæнæм медицинон æххуыс, фæлæ куыд уынут, уый афтæ нæу. Хъаугъаты зонæйы мах ӕххуыс кæнæм бынæттон фермертæн, цæмæй фæхуыздæр кæной сæ экономикон уавæр. 2010 азæй нæм ис цалдæр программæйы, кæцытæ сты здæхт хъæууон хæдзарады министрад æмæ администрацийы уылты бынæттон фермерты æмвæзадыл цæрджытæн æххуыс бакæнынмӕ", — загъта Антмен.

© Sputnik / Наталья Босыкты Сырх дзуар Хуссар Иры районтæн балæвар кодта хъæууонхæдзарадон техникæ
Передача сельхозтехники МККК главам районов Южной Осетии  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сырх дзуар Хуссар Иры районтæн балæвар кодта хъæууонхæдзарадон техникæ

Миссийы кусæг Тедеты Маринæйы ныхæстæм гæсгæ, организаци фыццаг хатт нæ фæдаргъ кодта йе ‘ххуысы къух бынæттон хъæууон хæдзарады минæвæрттæн.

"2014 азы хъæууон администрацитæн балæвар кодтам æнæмæнгхъæуæг техникæ. Ацы аз мах балæвар кодтам техникæ алы районæн дæр. Уый у тынг бындурон æххуыс, куыд нымæцмæ, афтæ ифтонггарзы аргъмæ гæсгæ дӕр", — загъта Тедеты Маринæ.

Уый ма банысан кодта, СДÆК иудадзыг кæй æмгуыстад кæны хъæууон хæдзарады министрад, бынæттон администрацитæ æмæ цæрджытимæ, æмæ балæваргонд техникæ та у уыцы куысты фæстиуæг.

"Абон мах фæстаг лӕвар бакодтам хъæууон администрацитæн æмæ СДÆК-ы мисси, иумæйагæй, сæххæст кодта хъæууон хæдзарады æмвæзад фæбæрзонддæр кæнынæн æххуысы плæнттæ æмæ программæтæ. Ныфс нæ ис, ацы æхсæз азы мидæг цы æххуыс бакодтам, уымæн кæй уыдзæн фæстиуджытæ", — загъта СДÆК-ы минæвар.

Ног хабӕртты лентӕ
0