Хуссар Ирыстоны вице-премьерæй нысан æрцыд Козаты Дмитрий

© Sputnik / Ада багианРХИ хицауады хæдзар
РХИ хицауады хæдзар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Козаты Дмитрий раздæр куыста УФ Федералон таможнæйон службæйы. Тъехты Алан та, кæцы раздæр уыд ацы бынаты, нысан æрцыд хицауады сæрдары фыццаг хæдивæгæй.

ЦХИНВАЛ, 7 июн — Sputnik. РХИ президент Тыбылты Леонид хицауады уæнгты базонгæ кодта республикæйы хицауады сæрдар Хъуылымбегты Доментийы ног хæдивæг Козаты Дмитрийимӕ, æмæ ма фехъусын кодта, Тъехты Алан та, кæцы раздæр уыд ацы бынаты, кæй æрцыд нысан хицауады сæрдары фыццаг хæдивæгæй.

"Фæнды мæ сымахæн фехъусын кæнын кадрон ивындзинæдтæ, кæцытæ бахастам æз æмæ хицауады сæрдар. Ацы скъуыддзæгты фæдыл ма æз æруынаффæ кодтон мæ администрацийы сæргълæууæг æмæ коллегæтимæ", — загъта Тыбылты Леонид.

Президент банысан кодта, Козаты Дмитрийы кæй зоны 30 азæй фылдæр æмæ дзы кæй æвæры стыр ныфс.

"Йæ адæмыл æнувыд æмбæстаг, патриот. Уый рацыд серьезон скъола. Æндæр æмæ æндæр æзты лæууыд УФ регионты таможнæйон органты сæргъ. Æвæрын дзы стыр ныфс", — загъта Тыбылты Леонид.

Уый банысан кодта, Козаты Дмитрий кæй кусдзæн таможнæйон органты, хъалонисæн службæ æмæ æндæр æздæхтыты фарстытыл.

"Ис æм стыр фæлтæрддзинад. Æз ныридæгæн дзырдтон Козаты Дмитриимæ, ис æм хорз хъуыдытæ æмæ æнхъарæнтæ инвестицитæ æрбаздахыны æмæ нæ бæстæйы фыццаг экономикон форум ауадзыны фæдыл. Уырны мæ, æнтысгæ дæр ын бирæ кæй бакæндзæн", — загъта президент.

Козаты Дмитрий бузныг загъта президентæн æмæ ныфс бавæрдта, йæ куыст æмæ потенциал кæй аздахдзæн йæ адæмæн лæггад кæнынмæ.

Хицауады сæрдары фыццаг хæдивæг Тъехты Аланыл дзургæйæ, президент загъта, хицауады сæрдары хæдивæджы бынаты уæвгæйæ уый йæхи кæй равдыста æрмæстддæр хорзæрдыгæй.

"Уый ног адæймаг нæу нæ хицауады, алчидæр æй зоны. Бирæ фарстытыл хъæуы дарддæр бакусын", — загъта Тыбылты Леонид.

Ног хабӕртты лентӕ
0