Æртæ бонмӕ уӕрӕсейаг сапертæ ссыгъдæг кодтой Хуссар Иры территорийæ иу гектарæй фылдæр

© Sputnik / Диана КозатыУӕрӕсейаг сапертæ Хуссар Иры
Уӕрӕсейаг сапертæ Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Куыстыты рæстæджы ссардæуыд æмæ ӕнӕзианхъом æрцыдысты дыууæ рæмудзæн æрмæджы. Уыдон аластой сæрмагонд фæзуатмæ æмæ сæ скуынæг кодтой.

ЦХИНВАЛ, 10 июн — Sputnik, Козаты Дианæ. Уæрæсейаг Ирвæзынгæнæн операцитæ уадзыны фæдыл центр "Лидер"-ы кусджытæ кусынц Хуссар Иры ныр æртæ боны дæргъы æмæ сын ныридæгæн бантыст иу гектарæй фылдæр территори ссыгъдæг кæнын рæмудзæн æрмæджытæй.

Центр "Лидер"-ы разамонæг: Хуссар Ирыстонмæ æрцыдысты хуыздæр кусджытæ

Sputnik журналисттæ майрæмбоны бацыдысты, минæтæй цы хъæутæ сыгъдæг кæнынц, уырдæм æмæ сæхи цæстæй федтой, куыд кусынц сапертæ æмæ сын цы бантыст саразын.

Ацы къуыри нæ республикæмæ æрцыдысты 30 адæймаджы — уæлдай тасӕй ирвæзынгæнæн операцитæ уадзыны центр "Лидер"-ы кусджытæ. Се сконды сты фæлтæрдджын пиротехниктæ, кинологтæ, робототехникон управленийы специалисттæ æмæ медицинон кусджытæ. "Лидер"-ы кусджытæ Хуссар Ирмæ æрцыдысты 80 боны æмгъуыдмæ. Уыцы рæстæгмæ уыдон хъуамæ ссыгъдæг кæной 40 мин гектарæй фылдæр 1991 — 2008 азты хæстон архæйдтыты фæстæ баззайгæ рæмудзæн æрмæджытæй.

"Къорд æрцыд Хуссар Ирмæ, цæмæй ссыгъдæг кæной 40 гектарæй фылдæр территори. Ныридæгæн мах бæстон ныссыгъдæг кодтам иу гектарæй фылдæр. Куыстыты рæстæджы ссардæуыд дыууæ рæмудзæн æрмæджы. Уыдон аластой сæрмагонд фæзуатмæ æмæ сæ скуынæг кодтой", — радзырдта "Лидер"-ы минæвар, дæлбулкъон Анатолий Саввин.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, сапертӕн нырма нæ бантыст ныгæд гæрзтæ ссарын. Ссардтой ӕрмӕст ӕнӕспырхуӕвӕг æрмæджытæ.
Сапертæ сæ куыстмæ рахизынц райсом авд сахатыл æмæ тæссаг æрмæджытæ агурынц боны æртæ сахаты онг. Алы сахат дæр дæс минуты бæрц улæфт. Сапертæн сæ куысты æххуыс кæны сæрмагонд робототехникон комплекс. Территорийыл фыццаг бакусы робот, уый фæстæ та бахизынц сапертæ сæрмагонд дарæсы къухын ифтонггарзимæ.

"Ацы территорийыл куыстытæ уадзын хъыгдарынц цардуагон æфсæйнаг бырæтты рæдзæгъдтæ, кæцытæ æндавынц ифтонггарзыл. Уымæй дарддæр ма ацы территори скъутæр ис. Уымæ гæсгæ, бынат нырма ссыгъдæг кæнæм механикон æгъдауæй", — загъта Саввин.

© Sputnik / Диана КозатыУӕрӕсейаг сапертæ Хуссар Иры
Уӕрӕсейаг сапертæ Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/5
Уӕрӕсейаг сапертæ Хуссар Иры
© Sputnik / Диана КозатыУӕрӕсейаг сапертæ Хуссар Иры
2/5
Уӕрӕсейаг сапертæ Хуссар Иры
© Sputnik / Диана КозатыУӕрӕсейаг сапертæ Хуссар Иры
Уӕрӕсейаг сапертæ Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/5
Уӕрӕсейаг сапертæ Хуссар Иры
© Sputnik / Диана КозатыУӕрӕсейаг сапертæ Хуссар Иры
Уӕрӕсейаг сапертæ Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/5
Уӕрӕсейаг сапертæ Хуссар Иры
© Sputnik / Диана КозатыУӕрӕсейаг сапертæ Хуссар Иры
Уӕрӕсейаг сапертæ Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
5/5
Уӕрӕсейаг сапертæ Хуссар Иры
1/5
Уӕрӕсейаг сапертæ Хуссар Иры
2/5
Уӕрӕсейаг сапертæ Хуссар Иры
3/5
Уӕрӕсейаг сапертæ Хуссар Иры
4/5
Уӕрӕсейаг сапертæ Хуссар Иры
5/5
Уӕрӕсейаг сапертæ Хуссар Иры

Уый тыххæй къорд ифтонг у сæрмагонд робототехникон комплексæй МВ-4, кæцы кæрды кæрдæг, пыхсытæ, къутæртæ. Уый фæстæ та бынат ныссыгъдæг кæнынц къухæй. Минæтæй сыгъдæг кæныны фæдыл куыстыты пайда кæнынц Уæрæсейы уагъд автомобилон техникæ æмæ æфсæндетектортæй.

Ссаргӕ рæмудзæн æрмæджытæ раттынц Хуссар Ирыстоны УУМ-ы сапертæм, уыдон сæ аласынц сæрмагонд фæзуатмæ æмæ сæ скуынæг кæнынц.

Хуссарирыстойнаг фарс сæ уæрæсейаг коллегæтæн æххуыс кæны медицинон ифтонгады æмæ куыстытæ цы бынаты уагъд цæуынц, уыдон хъахъхъæныны хъуыддаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0