Гуырдзыстоны ӕртӕ ӕмбӕстаджы ӕрурӕдтой Хуссар Иры арӕн фехалыны тыххӕй

© Sputnik / Ада БагианУӕрӕсейаг арӕнхъахъхъӕнджытӕ
Уӕрӕсейаг арӕнхъахъхъӕнджытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гуырдзыстоны ӕмбӕстӕгтӕм нӕ разынд документтӕ. Паддзахадон ӕдасдзинады комитет кусы фӕткхалджытӕн сӕ нӕмттӕ раиртасыныл.

ЦХИНВАЛ, 20 июн — Sputnik. Арӕнхъахъхъӕнджытӕ ӕрурӕдтой Гуырдзыстоны ӕртӕ ӕмбӕстаджы Хуссар Ирыстоны паддзахадон арӕн фехалыны тыххӕй, фехъусын кодтой паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) пресс-службӕйы.

Ацы мӕй арӕнхъахъхъӕнджытӕ банысан кодтой арӕн фехалыны ӕмӕ арӕнгӕрон хъӕутӕ ӕнӕзакъонӕй бабӕрӕг кӕныны дӕсгай фӕткхалӕн цаутӕ. Азы райдайӕнӕй урӕд ӕрцыд 40 фӕткхалӕджы.

"17-19 июны Хуссар Ирыстон ӕмӕ Гуырдзыстоны ‘хсӕн паддзахадон арӕныл, Ленингоры районы Орчъосан, Ахмадз ӕмӕ Цхинвалы районы Громы хъӕутӕм хӕстӕг арӕнхъахъхъӕнджытӕ ӕрцахстой Гуырдзыстоны ӕртӕ ӕмбӕстаджы", — загътой пресс-службӕйы.

Гуырдзыстоны ӕмбӕстӕгтӕм нӕ разынд документтӕ. Паддзахадон ӕдасдзинады комитет кусы фӕткхалджытӕн сӕ нӕмттӕ раиртасыныл.

Ног хабӕртты лентӕ
0