Коцты Вадим ссис ӕртыккаг ЦКФЗ-ы фыццагады

© Sputnik / Виталий Белоусов /  Ахизын медиабанкмæТурнир по боксу
Турнир по боксу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссарирыстойнаг боксер рингмӕ рахызт ӕртӕ хатты. Уый фӕуӕлахиз йӕ ныхмӕлӕуджытыл Хъӕрӕсе - Черкес ӕмӕ Стъаврополӕй, фӕлӕ йыл ӕртыккаг тохы цӕцӕйнаг спортсменимӕ амонд йӕхи атигъ кодта.

ЦХИНВАЛ, 7 июл — Sputnik, Козаты Дианӕ. Цхинвайлаг боксер Коцты Вадим бацахста ӕртыккаг бынат Цӕгаткавказаг федералон зылды фыццагады, фехъусын кодта Sputnik спортсмены тренер Чехойты Алан.

ЦКФЗ-ы фыццагадмӕ балцӕг не мзӕххон райста Цӕгат Ирыстоны турниры фӕстӕ, цыран хуссарирыстойнаг ӕрыгон боксер бацахста дыккаг бынат. Фӕлӕ Цӕгат Ирыстоны боксы федерацийы сӕргълӕууӕг банысан кодта спортсмены иттӕг хорз цӕттӕдзинад ӕмӕ уӕлахизмӕ йӕ тырнындзинад ӕмӕ йӕ бахаста ирыстойнаг ӕмбырдгондмӕ ЦКФЗ-ы фыццагады.

Боксер Коцты Вадим бацыд ЦКФЗ-ы фыццагады Ирыстоны æмбырдгонды скондмæ

"Ӕртӕ тохӕй, Вадим фӕуӕлахиз дыууӕйы. Фыццаг спортсмены, Хъӕрӕсе — Черкесӕй, уый рамбылдта очкотӕм гӕсгӕ. Дыккаг ныхмӕлӕууӕджы арвыста техникон нокауты. Ӕрдӕгфиналы уый фембӕлд цӕцӕйнаг Магомед Алисултановимӕ, ӕмӕ йын фембылд 2:1 хыгъдӕй", — сказал Чехойты Алан.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Коцты Вадим ӕмӕ Магомед Алисултановы ӕхсӕн тох уыд ӕмсӕр. Фӕлӕ тренеры нымадмӕ гӕсгӕ. Ирон боксеры ныхмӕ уыд уыцы факт ӕмӕ ерысты сӕйраг тренер, куыд нӕ боксеры ныхмӕлӕууӕг, афтӕ кӕй уыд цӕцӕйнаг.

"Афтӕмӕй та Вадим уыд тыхджындӕр ӕмӕ расттдӕр. Ӕмӕ уый ӕрмӕст мӕ цӕстӕнгас нӕу",- банысан кодта тренер.

Ацы ерысты фыццаг бынат сифтонг кодтаид Коцты Вадимы Уӕрӕсейы фыццагады хайадистӕй.

Спортсмены тренер банысан кодта, ӕнтыстджындӕр фӕстиуджыты тыххӕй аз цалдӕр хатты хайад исын кӕй хъӕуы сборты. Фӕлӕ ирон спортсментӕн ахӕм фадӕттӕ нӕй.
Чехойты Аланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, радон сбортӕ уагъд ӕрцӕудзысты июлы кӕрон Терсколы поселочы (Кӕсӕг — Балхъараг республикӕ). Фарст ис 20 мин сомы мидӕг, кӕцытӕ тренермӕ не сты.

"Нӕ финансон фадӕттӕ тынг къуындӕг сты, нӕ спортсментӕ никуыдӕм цӕуынц, цӕттӕ кӕнынц ӕрмӕстдӕр Цхинвалы ӕмӕ фадат куы фӕвӕййы, уӕд райсынц хайад ерысты. Уый та у куыд нӕ ӕмбырдгонды футболӕй Европӕйы чемпионатмӕ арвитын ӕмӕ уӕлахизмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын",- загъта уый.

Фӕлӕ зындзинӕдтӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ, загъта тренер, хуссарирыстойнаг боксертӕ сӕхи алыхаттдӕр ӕвдисынц хорз ӕмӕ ныр дӕр сӕ иу бацахста ӕртыккаг бынат турниры, кӕцы ӕрӕмбырд кодта ЦКФЗ-ы хуыздӕр боксерты.

Коцты Вадимыл цӕуы 17 азы, боксы секцийы цӕттӕ кӕнын райдыдта фондз азы размӕ ӕмӕ ссис ӕхсӕнадӕмон классы спорты дӕсны, ӕрыгон хуссарирыстойнаг тренер Чехойты Аланы фыццаг хъомылгӕнинаг.

Ног хабӕртты лентӕ
0