Уавӕрты фыдӕнӕн

© Sputnik / Михаил ХасиевГобозты Эльбрусы тренажерон зал
Гобозты Эльбрусы тренажерон зал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гобозты Эльбрус бакодта йӕхи тренажерон зал фылдӕр нымӕц ӕрыгон адӕмы ӕрбангом кӕныны нысанӕн, фӕлӕ йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йе ‘мбӕлттӕ дӕр сӕхи цӕттӕ кӕнынц аварион бӕстыхайы.

ЦХИНВАЛ, 20 июл — Sputnik, Босыкты Наталья. Ӕрыгон цхинвайлаг Гобозты Эльбрус ӕхсӕз азы размӕ бакодта йӕхи тренажерон зал. Уый алыхатт дӕр уыд ӕнӕниз цардыуагыл хӕст, фӕлӕ архайгӕ тренажерон залты бӕрзонд ӕргъты тыххӕй аскъуыддзаг кодта, йӕхи тыхтӕй зал бакӕнын асламдӕр кӕй слӕудзӕн.

Эльбрус стыр нысаниуӕг дӕтты уымӕн ӕмӕ сыхаг уынгты фӕсивӕдӕн ӕнӕаргъӕй кӕй ис фадат залы сӕхи цӕттӕ кӕнын. Йӕ разы ма ис ӕвӕрд нысан, цӕмӕй скъоладзаутӕн дӕр фадат уа залмӕ цӕуын ӕмӕ ӕнӕ хъуыддагӕй уынгты ма рахау-бахау кӕной.

Ацы тӕккӕ залмӕ цӕуджыты нымӕц у 80 адӕймаджы, уыдонӕй бирӕтӕн ныридӕгӕн ис стыр ӕнтыстытӕ спорты ӕмӕ хайад исынц алыгъуызон ерысты, уый нымӕцы республикӕйы ӕдде.

© Sputnik / Михаил ХасиевГобозты Эльбрусы тренажерон зал
Дворовой тренажерный зал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гобозты Эльбрусы тренажерон зал

Фӕлӕ цы уавӕрты цӕттӕ кӕнынц сӕхи, уыдон бынтон бӕзгӕ не сты — залы бӕстыхай ис Октябры уынгыл ӕрдӕгпырхытӕ, рохуаты уагъд бӕстыхайы, цы ран раздӕр уыд хуссарирыстойнаг "ОМОН".
Ӕрыгон лӕппуйӕн ӕнцон нӕ уыд тренировкӕты бынат ссарын, хицауадмӕ дӕр нӕ бацыд ӕххуысгур.

"Нӕ тренажерон зал кусы ӕхсӕз азы. Цалдӕр азы мах цӕттӕ кодтам ныккӕндон бӕстыхайы, цы ран ӕппындӕр ницы уавӕртӕ уыд, уымӕй фыддӕр та уыд тасхӕссӕг уым уӕвын — бӕстыхай у аварион. Ныр мах рацыдыстӕм ӕндӕр бынатмӕ, кӕцы иннӕмӕй бирӕ хуыздӕр нӕ уыд ӕмӕ йӕ схӕрзарӕзт кодтам, куыд нӕ бон уыд, афтӕ", — дзуры тренер.

Эльбрусын ныхӕстӕм гӕсгӕ, зал дӕтты фадат ӕрыгон фӕлтӕрӕн алыгъуызон тренажерыл сӕхи цӕттӕ кӕнын (уыдон балхӕдтой сӕхи фӕрӕзтӕй) индивидуалон нывӕзтмӕ гӕсгӕ, райсын консультацитӕ, ерысты хайад исын ӕмӕ ӕдзӕлгъӕдӕй горӕты уынгты лекка кӕныны бӕсты хӕст сты иумӕйаг хъуыддагыл.

"Горӕты ис тынг бирӕ хисӕрмагонд, ӕнӕаргъ тренажерон залтӕ, фӕлӕ уыдон сты йемыдзаг. Хицауад сын баххуыс кодта тренажертӕ балхӕныны хъуыддаджы ӕмӕ хӕрзарӕзтадон куыстытӕ ауадзын. Мах фӕнды, цӕмӕй нын нӕ районы зӕххы гӕппӕл уӕддӕр радтой, цы ран мах нӕхӕдӕг сараздзыстам чысыл зал", — дзуры Эльбрус.

© Sputnik / Михаил ХасиевГобозты Эльбрусы тренажерон зал
Гобозты Эльбрусы тренажерон зал - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/6
Гобозты Эльбрусы тренажерон зал
© Sputnik / Михаил ХасиевГобозты Эльбрусы тренажерон зал
Гобозты Эльбрусы тренажерон зал - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/6
Гобозты Эльбрусы тренажерон зал
© Sputnik / Михаил ХасиевГобозты Эльбрусы тренажерон зал
Гобозты Эльбрусы тренажерон зал - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/6
Гобозты Эльбрусы тренажерон зал
© Sputnik / Михаил ХасиевГобозты Эльбрусы тренажерон зал
Гобозты Эльбрусы тренажерон зал - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/6
Гобозты Эльбрусы тренажерон зал
© Sputnik / Михаил ХасиевГобозты Эльбрусы тренажерон зал
Гобозты Эльбрусы тренажерон зал - Sputnik Хуссар Ирыстон
5/6
Гобозты Эльбрусы тренажерон зал
© Sputnik / Михаил ХасиевГобозты Эльбрусы тренажерон зал
Гобозты Эльбрусы тренажерон зал - Sputnik Хуссар Ирыстон
6/6
Гобозты Эльбрусы тренажерон зал
1/6
Гобозты Эльбрусы тренажерон зал
2/6
Гобозты Эльбрусы тренажерон зал
3/6
Гобозты Эльбрусы тренажерон зал
4/6
Гобозты Эльбрусы тренажерон зал
5/6
Гобозты Эльбрусы тренажерон зал
6/6
Гобозты Эльбрусы тренажерон зал

Тренажерон залмӕ цӕуджыты нымӕц у 80 адӕймагӕй фылдӕр, уымӕ гӕсгӕ тренировкӕтӕ уагъд цӕуынц ӕртӕ сменӕйӕ. Бирӕтӕ дзы райсынц хайад спортивон ерысты республикӕйӕн ӕдде.

"Сӕхи нӕм цӕттӕ кӕнынц 80 адӕймагмӕ ӕввахс, иууылдӕр сты сыхаг уынгты фӕсивӕд. Ныртӕккӕ нӕ лӕппутӕй цалдӕр исынц хайад Ростовы цӕуӕг спортивон ерысты. Фӕнды нӕ уыдонӕн саразын ӕмбӕлон уавӕртӕ, цӕмӕй ма хъуыды кӕной, цавӕрдӕр уысм кӕй ис гӕнӕн ӕмӕ ныккӕлой систӕ", — дзуры Гобозты Эльбрус.

Эльбрусы фидарӕй уырны, рӕстӕгмӕ зынвадӕттӕм ӕмӕ тренировкӕты бынатимӕ зындзинӕдтӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ, фӕсивӕдӕн алцыдӕр кӕй бантысдзӕн.

"Адӕймаг уарзон хъуыддагӕй рынчын куы уа ӕмӕ йӕ куы фӕнда, цӕмӕй йӕ къухты ӕнтыстытӕ бафта, уӕд ын ӕнтысгӕ дӕр бирӕ бакӕны. Бакӕнгӕ куысты ӕмӕ къухты бафтгӕ ӕнтыстытӕй адӕймаг исы ӕхцондзинад ӕмӕ фидар кӕны йӕ удыхъӕд", — балхынцъ кодта тренер.

Ног хабӕртты лентӕ
0