Тыбылты Георгий ссис Европӕйы фыццагады уӕлахиздзау

© Sputnik / Алексей Филиппов /  Ахизын медиабанкмæБердзенаг-римаг хъæбысæйхæст
Бердзенаг-римаг хъæбысæйхæст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон богал райста сыгъзӕрин майдан 46 килограммы уӕзы категорийы бердзенаг-римаг хъæбысæйхæстӕй.

ЦХИНВАЛ, 25 июл — Sputnik. Ирон богал Тыбылты Георгий ссис Европӕйы фыццагады уӕлахиздзау бердзенаг-римаг хъæбысæйхæстӕй, хъусын кӕны РЦИ-А спорты министрады пресс-службӕ.

Тыбылты Георгий райста сыгъзӕрин майдан 46 килограммы уӕзы категорийы.

"Тыбылты Георгийӕн уыд цыппар тохы ӕмӕ дзы алкӕцыйӕ дӕр рахызт уӕлахиздзауӕй. Ирон богал стох кодта Румыни, Сомихстон, Уӕрӕсе ӕмӕ Туркы спортсментимӕ", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Европӕйы фыццагад ӕрыгӕтты ӕхсӕн бердзенаг-римаг хъæбысæйхæстӕй уагъд цыд Стокгольмы.

Ног хабӕртты лентӕ
0