Мутко: 2016 азы Олимпиадӕмӕ бауагътой 272 уӕрӕсейаг спортсмены

© Sputnik / Владимир Сергеев /  Ахизын медиабанкмæОлимпиаг æмæ уæрæсейаг тырысатæ
Олимпиаг æмæ уæрæсейаг тырысатæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Спорты министр фехъусын кодта,Олимпиадӕйы хайадисӕг спортсменты хатдзӕгон нымӕц фӕбӕрӕг уыдзӕн сабаты.

ЦХИНВАЛ, 29 июл — Sputnik. Ӕхсӕнадӕмон федерацитӕ бауагътой Рио-де-Жанейройы Олимпиадӕмӕ 272 уӕрӕсейаг спортсмены, хъусын кӕны агентад "Р-Спорт".

Ӕхсӕнадӕмон олимпиаг комитеты (ӔОК) ӕххӕстком раздӕр нӕ аиуварс кодта хъӕзтытӕй уӕрӕсейаг ӕмбырдгонды ӕнӕхъӕнӕй — ӕхсӕнадон спортивон федерацитӕн радта бар, цӕмӕй уыдон аскъуыддзаг кӕной, чи ӕвдисдзӕн йӕ тыхтӕ Риойы хъӕзтыты. Уыимӕ иумӕ Олимпиадӕйы иунысанонӕй хайад райсыны фадат нӕ уыдзӕн, раздӕр допингыл кӕй ӕрцахстой, уыцы уӕрӕсейӕгтӕн

"Абоны онг 272 уӕрӕсейаг спортсмены бауагътой Олимпиаг хъӕзтытӕм. Фарст райхӕлдзӕн райсом, кӕронмӕ куы бахӕццӕ уой процестӕ спорты кӕцыдӕр хуызты", — загъта Мутко.

"Мах федтам, кӕй ис ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр стандарттӕ. Сӕ ныхыс загътой — бӕстӕйы къухдариуӕгад, мах иууылдӕр, федерацитӕ. Мах хъӕуы нӕ тыхтӕ ӕрбангом кӕнын ӕмӕ кусын", — загъта уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0