Фадзайты Арсен: Къудухты Бесикы майдан байсыны тыххӕй официалон документ нӕй

© Sputnik / Алана СабееваАрсен Фадзаев, архивное фото
Арсен Фадзаев, архивное фото - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зындгонд спортсмен банысан кодта, зӕгъгӕ, ныртӕккӕ иууылдӕр сты ӕнкъарӕнты бын, "фӕлӕ уал нырма хъӕуы райсын официалон хъусынгӕнӕн, стӕй хъуыды кӕнын - дарддӕр цы ис гӕнӕн саразын".

ЦХИНВАЛ, 30 авг — Sputnik, Козаты Дианӕ. Къудухты Бесикы олимпиаг ӕвзист майдан байсын чи аскъуыддзаг кодта, уыдон, бӕрӕг нӕу, цӕуыл хъуыды кодтой, загъта Sputnik дыууӕ хатты олимпиаг чемпион, политик ӕмӕ ӕхсӕнадон архайӕг Фадзайты Арсен.

Дыццӕджы айхъуыст, ӕртӕ азы размӕ трагикъон ӕгъдауӕй фӕмардуӕвӕг уӕгъдибар стилы хъӕбысӕйхӕцӕг Къудухты Бесикӕн кӕй байстой йӕ олимпиаг майдан. Ахӕм уынаффӕ ист ӕрцыд,

Къудухты Бесикы анализы тобӕгонд буарадтӕ кӕй ссардтой, уый фӕстиуӕгӕн.

Бесик Кудухов, архивное фото. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Къудухты Бесикӕн йӕ амӕлӕтӕй ӕртӕ азы фӕстӕ байстой йӕ олимпиаг майдан

"Цӕуыл хъуыды кодтой, уый бӕрӕг нӕу. Нӕ кӕстӕр ӕмгар немӕ нал ис, фӕлӕ уӕддӕр ацы хъуыддаг сарӕзтой. Алчидӕр катайы ис допингы ныхмӕ агентады ахӕм уынаффӕйы тыххӕй, фӕлӕ нырма Уӕрӕсейы уӕгъдибар хъӕбысхӕсты федераци официалон хъусынгæнæн нӕ райста", — загъта Фадзайты Арсен.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы уавӕры тынг зын у исты саразын, уымӕн ӕмӕ WADA никӕй дӕлбар ис, "у куыд паддзахад паддзахады".

"Бесик не ′хсӕн кӕй нал ис, уый у стыр уӕззау хабар у ӕрмӕст уӕрӕсейаг нӕ, фӕлӕ дунейон хъӕбысхӕстӕн. Ныртӕккӕ иууылдӕр стӕм ӕнкъарӕнты бын, фӕлӕ уал нырма хъӕуы райсын официалон хъусынгӕнӕн, стӕй хъуыды кӕнын — дарддӕр цы ис гӕнӕн саразын", — банысан кодта уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0