Цӕгат Ирыстоны ӕрцахстой ИП-ы ӕртӕ "ног ӕрсиддоны"

© Sputnik / Евгений Епанчинцев /  Ахизын медиабанкмæПограничная застава
Пограничная застава - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цӕгат Кавказы регионтӕй ӕрыгон лӕппутӕ басастысты сӕ азымыл ӕмӕ ӕрфӕсмон кодтой, уыдонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕфхӕрд ахӕсты бакӕныны хуызы.

ЦХИНВАЛ, 31 окт — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны барадхъахъхъӕнӕг органтӕ ӕрцахстой Цӕгат Кавказы цӕрджытӕй ӕртӕйӕ, кӕцытӕ хъавыдысты ӕхца бакусын Сирийы ӕфсӕддон архӕйдтыты террористон къордты рӕнхъыты хайад райсынӕй, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны ӔФС-йы арӕнгӕрон управлени.

Задержание вербовщика ИГ из Таджикистана - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ӕрцахстой Таджикистаны ӕмбӕстаджы ИП ӕмдзӕдисы тыххӕй

"Ӕртӕ дӕр сты Цӕкат Кавказы республикӕтӕй рацӕугӕ, кӕцытӕ баууӕндыдысты хуыздӕр царды ныфсӕвӕрдтыл. Ӕнӕнхъӕлӕджы ИП (тобӕгонд организаци Уӕрӕсейы) минӕвӕрттимӕ интернеты базонгӕйы фӕстӕ, "ног ӕриддонттимӕ" ауагътой активон динон бакуыст. Фӕлӕ сӕйраг аргумент ссис ӕхца бакусыны ныфсӕвӕрд Сирийы ӕфсӕддон архӕйдтыты террористон къордты рӕнхъыты хайад райсынӕй", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Цӕгат Ирыстоны ӔФС-йы арӕнгӕрон управлени куыд банысан кодта, афтӕмӕй азымгондты аххосджын кӕнынц УФ УК "фӕсарӕйнаг бӕстӕйы территорийыл ӕфсӕддон конфликты хайад райсынмӕ цӕттӕ кӕныны" статьямӕ гӕсгӕ.

"Уыдон баконд ӕрцӕудзысты ахӕсты. Равзӕрсты рӕстӕджы ӕрыгон лӕппутӕ басастысты сӕ азымыл ӕмӕ ӕрфӕсмон кодтой", — нысан кӕны ведомствӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0