Историк: Фыццаг дунейон хӕсты ирон хъайтарты нӕмттӕ ферох сты

© paperblog2-й Горско-Моздокский казачий полк
2-й Горско-Моздокский казачий полк - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирыстойнаг Бичерахты Лазары зындгонд къорды ӕмӕ ирӕттӕ-хъазахъты тыххӕй, кӕцытӕ сӕхи хъӕбатырӕй равдыстой Фыццаг дунейон хӕсты азты ӕмӕ кӕцытӕ ӕрцыдысты ныгӕд Европӕ ӕмӕ АИШ-ы, хуссарирыстойнаг публикӕйӕн Зонад-Иртасӕн институты радзырдта историк Краснодарӕй Егор Брацун.

ЦХИНВАЛ, 2 ноя — Sputnik, Хъотайты Мария. Фыццаг дунейон хӕсты ирӕттӕ-хъазахъты хайадисты тыххӕй хуссарирыстойнаг ЗИИ-ы радзырдта историк Краснодарӕй Егор Брацун. Уый радзырдта Георгиаг кавлер Тимофеы Джамаловы (Гогкинаты) хъӕбатырдзинады тыххӕй. Ацы ном абон Ирыстоны зындгонд нӕу. Историкы ныхӕстӕм гӕсгӕ, абон алкӕмӕндӕр хорз зонгӕ у инӕлар Плиты Иссӕйы ном, кӕцы тох кодта фашистон Германийы ныхмӕ. Фӕлӕ Фыццаг дунейон хӕсты азты истори чи арӕзта, уыдон хъыгагӕн рохуаты аззадысты.

"Теркаг Хъазахъхъаг ӕфсады офицер Джамаловы, инӕлар Ӕгайы фырты, инӕлар Мистулайы фырты хъӕбатырдзинады тыххӕй нӕ зонынц Ирыстоны историктӕ ӕмӕ Терчы хъазахъхъаг ӕфсад дӕр. Афтӕмӕй та Фыдыбӕстӕйы ацы хъӕбатыр хъахъхъӕнджытӕ сӕхи ӕхсарджынӕй равдыстой Фыццаг дунейон хӕсты азты. Ныфсхаст ирӕттӕ-хъазахъхъты ӕхсӕн Джамалов уыд фыццаг, чи ссис уӕды ӕзты уӕлдӕр ӕфсӕддон хорзӕхы — цыппар къӕпхӕнты Георгиаг Дзуары хицау", — радзырдта Брацун.

Лекцийы рӕстӕджы ЗИИ-ы сисыл ӕвдыст цыдысты слайдтӕ ирон хъазахъхъты рагон къатимӕ.

Иторик радзырдта Бичехарты Лазары партизанты къорды тыххӕй, кӕцыйы сконды уыд Джамалов дӕр.

Брацун загъта, зӕгъгӕ, Бичехарты Лазары къорды сӕйраджыдӕр уыдысты Хуссар Ирыстонӕй ацӕугӕ адӕм.

"Фыццаг дунейон хӕсты рӕстӕджы Бичехарты Лазары къорд тох кодта размӕбырсӕг туркаг ӕфсады ныхмӕ. Ӕппынфӕстаг, туркаг ӕфсад ӕрцыд пырх ӕмӕ Персийы территорийӕ сырд. Ирон къорды хыгъдтӕ ӕмӕ мыггӕгтӕм гӕсгӕ нӕ бон у зӕгъын, Фыццаг дунейон хӕсты ӕзты ирӕтты роль уыд тынг бӕрзонд. Тохтӕ Фӕскавказы кӕй цыдысты, уый тыххӕй къорды уыд тынг бирӕ Хуссар Ирӕй ацӕугӕтӕ. Ӕххӕст Георгиаг кавалертӕ Ирыстоны уыдысты 30 адӕймагӕй фылдӕр", — радзырдта историк.

© Журнал "Горец"Ирыстойнаг Бичерахты Лазарь (астӕуӕй) йӕ хӕстонтимӕ
Лазарь Бичерахов (в центре) с соратниками  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирыстойнаг Бичерахты Лазарь (астӕуӕй) йӕ хӕстонтимӕ

Брацун загъта, Фӕскавказы кӕй уыд ӕфсӕддон дӕлхайад, кӕцы Фыццаг дунейон хӕсты фӕхӕцыд суанг уӕлахизы онг. Уый уыд Бичехарты Лазары къорд, кӕцы хъахъхъӕдта Фӕскавказ ӕмӕ Кавказ герман-туркӕгтӕй 1918 азы, Уӕрӕсейы уӕдмӕ гуылф кодта ӕмбӕстагон хӕст.

"Ацы къорд, кӕцы рацарӕзт ӕрцыд ӕфсадмӕ, сырӕзт Бичехарты Лазары партизанты къордӕй. Йе сконды фылдӕр бӕрцӕй уыдысты кубайнаг ӕмӕ теркаг хъазахъхътӕ, кавказӕгтӕ ӕмӕ бирӕнацион Уӕрӕсейаг империйы адӕмыхӕттыты минӕварттӕ. Краснодары крайы паддзахадон архивты Бичехарты Лазары бардзырдты ӕхсӕн ис ссарӕн бирӕ ирӕттӕн, кӕцытӕ хорзӕхджын сты ӕфсӕддон Георгиаг дзуӕрттӕй", — радзырдта Брацун.

Бичехарты Лазары къорды минӕвӕрттӕй бирӕтӕ, историкы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕмбӕстагон хӕсты аххосагӕй, фӕлыгъдысты Европӕ ӕмӕ Америкӕмӕ.

Афтӕ, инӕлар Бичехарты Лазары бахъуыд Германимӕ эмиграцийы ацӕуын, цы ран йӕ цардӕй ахицӕн 69 аздзыдӕй ӕмӕ ныгӕд ӕрцыд Дорнштадты. Теркаг хъазахъты фӕстаг атаман Ӕгайты Константин амард эмиграцийы ӕмӕ ӕрцыд ныгӕд АИШ-ы.

Булкъон Лотиты Константин Фыццаг дунейон хӕсты азты есаул райста уӕззау контузи. Хӕрзӕхджын ӕрцыд Георгиаг хӕцӕнгарзӕй "хъӕбатырдзинады" тыххӕй Ужокы ӕфцӕгыл батальон ӕрцахсыны тыххӕй. Йӕ полк хӕцыд Скӕсӕйнаг фронтыл. Эмиграцийы йӕ царды фӕстаг бонтӕ арвыста Парижы цур зӕрӕдты аздоны. Амард 1969 азы ӕмӕ ӕрцыд ныгӕд Парижы цур Сент-Женевьев-де-Буайы уӕлмӕрды.

Sputnik историк куыд радзырдта, афтӕмӕй уый "куыстӕй сӕрибар рӕстӕг ӕмбырд кӕны уӕрӕсейаг ӕфсады адыгъейӕгты ӕмӕ ирӕтты хайадисты тыххӕй архивон ӕрмӕджытӕ ӕмӕ информаци".

Ӕрӕмбырдгонд ӕрмӕджыты бындурыл уал ныридӕгӕн уый цӕуы семинартимӕ Ирыстоны горӕттыл. Цхинвалы ис дыккаг хатт историйы темӕйы фӕдыл лекциимӕ.

Лукци цы залы цыд, уый уыд афтид. Брацунмӕ хъуыстой ӕрмӕстдӕр Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады кадетон скъолайы 15 ахуыргӕнинаджы ӕмӕ цалдӕр журналисты. Лекцийы нӕ уыдысты нӕдӕр историктӕ, нӕдӕр зонад-иртасӕн институты кусджытӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0