ЦХИНВАЛ, 25 ноя — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны Уӕлдӕр тӕрхондон фехъусын кодта федералон тӕрхонгӕнӕджы ныхмӕ тыхон архӕйдтыты тыххӕй Дзӕуджыхъӕуы, инцидент ӕрцыд цыппӕрӕмы, фехъусын кодта РИА Новости уагдоны минӕвар.
"Балӕбурд ӕцӕгӕйдӕр уыд", — загъта агентады дзырдӕмбал, фӕлӕ лыстӕг хӕйттӕ нӕ раргом кодта тӕрхонгӕнджыты статусы законмӕ гӕсгӕ.
Барадхъахъхъӕнӕг органты ратӕдзӕн та фехъусын кодта РИА Новости, ацы цау кӕй ӕрцыд ӕхсӕвы, тӕрхонгӕнӕджы хӕдзары цур.
"Промышленон районон тӕрхонгӕнӕгмӕ балӕбурдта сылгоймаг ӕмӕ законы минӕварӕн кардӕй ныццавта йӕ къух, ныртӕккӕ уый ис хӕдзары, госпитализаци йӕ нӕ бахъуыд", — загъта агентады дзырдӕмбал.
Ратӕдзӕн куыд банысан кодта, афтӕмӕй ацы цау баст у тӕрхонгӕнӕджы профессионалон архайдимӕ.