Бразилиаг футболисттимӕ хӕдтӕхӕг ӕрхаудта Колумбийы

© Sputnik / Максим Блинов /  Ахизын медиабанкмæСамолет Airbus A330
Самолет Airbus A330 - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Лайнеры бортыл уыд 72 пассажиры ӕмӕ экипажы фараст уӕнджы, се ′хсӕн бразилиаг клуб "Шапекоэнсе"-йы футболисттӕ.

ЦХИНВАЛ, 29 ноя — Sputnik. Колумбийы ӕрхауд хӕдтӕхӕг 72 пассажиримӕ, кӕцыты ӕхсӕн уыдысты бразилиаг клуб "Шапекоэнсе"-йы футболисттӕ, хъусын кӕны РИА Новости телеканал Univision-ы информаци.

Телеканалы зонӕнтӕм гӕсгӕ, лайнеры бортыл уыд 72 пассажиры ӕмӕ экипажы фараст уӕнджы.

Портал Mi Oriente фыссы, хӕдтӕхӕг кӕй ӕрхауд Серро Гордойы ӕртаджы хъуагдзинады аххосӕй.

"Мах кусӕм бынӕттон разамынадимӕ, "Шапекоэнсе"-йы хӕдтӕг цы уӕлвӕткон уавӕры бахауд, уый тыххӕй", — дзырдӕуы колумбиаг аэропорт José María Córdovaйы хъусинаджы Twitter.

Аэропорты администраци ма банысан кодта, аварийы бынатмӕ бацӕуӕн кӕй нӕй климатон уавӕрты тыххӕй. Развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ис гӕнӕн ӕмӕ трагедийы аирвӕзтаид цалдӕр адӕймаджы.

Социалон хызӕгты ныммыхуыр кодтой пассажирты номхыгъд.

Футболисттӕ тахтысты колумбиаг горӕт Медельинмӕ, Хуссарамерикӕйаг кубокы "Атлетико Насьональ"-ы ныхмӕ финалон матчы хайад райсынмӕ. Лайнер командӕимӕ хъуамӕ ӕрбадтаид аэропорт Хосе Мария Кордовайы Рионегройы.

Ног хабӕртты лентӕ
0